Сочийы йæ тæмæны бацыд журналистты форум «Вся Россия», зæгъгæ. Сарæзтой йæ Журналистты Цæдисы 100 азы юбилæймæ. Архайынц дзы дзыллон информацион фæрæзты мæвæрттæ, æхсæнадон кусджытæ æмæ хицауады уæнгтæ. Форумы программæ у цымыдисаг. Алыхуызон фембæлдтытæ, дæсныйад æвдисæг ахуыртæ, пресс-конференцитæ, кинонывты равдыстытæ æмæ æндæртæ. Дæсныйады сусæгдзинæдтæ дзы æргом кæнынц политиктæ, культурæйы архайджытæ æмæ дæсны журналисттæ. Мадзал кадджын уавæры байгом 7-æм октябры.
Театры бæстыхайы сарæзтой концертон программæ. Сбæрæг æмæ дзы схорзæхджын кодтой, хуыздæр журналистты уæрæсеон конкурсы фарон чи архайдта, уыдоны. Форумы уæвджытæ бацæттæ кодтой сæрмагонд медиа-проекттæ. Нæ тыхтæ дзы фæлварæм мах дæр. Республикæйæ форуммæ араст сты 22 Цæгат-Ирыстойнаг минæвары. Уазджыты базонгæ кодтой ирон культурæ æмæ `гъдæуттимæ. Равдыстой национ кæфтытæй иу æмæ сын саходын кодтой ирон хæринæгтæй. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ форум цæудзæн 11-æм октябрмæ.