Сочийы абон кæронмæ ахæццæ журналистты форум «Вся Россия-2018», зæгъгæ. Сарæзтой йæ Журналистты Цæдисы 100 азы юбилæймæ. Архайдтой дзы дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ, æхсæнадон кусджытæ æмæ хицауады уæнгтæ. Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ дæр дзы сæ тыхтæ бавзæрстой. Абон сбæрæг сты конкурсы уæлахидзаутæ. Æхсызгон нын уый у, æмæ нæ телекомпани дæр ссис кадджын хæрзиуæджы аккаг. Проект «Большие Осетины» сси хуыздæр æппæт документалон кинонывты `хсæн. Уымæй уæлдай ма Цæгат Ирыстоны делегаци цы равдыст бацæттæ кодта, уый дæр тæрхонгæнджыты зæрдæмæ тынг фæцыд.
Форумы программæ рауад цымыдисаг. Уыдис дзы алыхуызон фембæлдтытæ, дæсныйад æвдисæг ахуыртæ, пресс-конференцитæ æмæ æндæртæ. Дæсныйады сусæгдзинæдтæ дзы æргом кодтой политиктæ, культурæйы архайджытæ æмæ фæлтæрдджын журналисттæ. Форумы уазджытæ уыдысты мин æмæ рдæгæй фылдæр.