А-дунейы фæзынд фыццаг чырæгон телефон. Компани «Моторола»-йы инженер Мартин Купер историйы фыццаг хатт адзырдта ахæм телефонæй. Цымыдисаг уыдис, цы аппаратæй спайда кодта, уый æддаг бакаст дæр. Мæнæ йæ ныртæккæ уынут, мæ фæстæ цы егъау экран ис, ууыл. Уæ цæстытыл ма ауайæд, телефоны уæз уыдис 1 килограммæ `ввахс, йæ дæргъ – 22, йæ уæрх та 4 сантиметры. Йæ бæзн дæр уæдæ цæсты ахады – хæццæ кодта 12 сантиметрмæ. Электрон тыхæй йæ ифтындзын хъуыд, диссаг у, фæлæ 10 сахаты! Афтæмæй та-иу йæ аккумулятор сахаты `рдæджы фаг йеддæмæ нæ кодта. Купер йæ чырæгон телефоны фыццаг дзырдæй сæ синтыл æрæвæрдта, йæ компани технологон ерыс кæимæ кодта, уыдоны. Барæй сæм бадзырдта æмæ сын æй хиппæлæны хуызы, æнæрвæссонæй фехъусын кодта, куыд æгъдауæй семæ ныхас кодта, уый. Æвæццæгæн, уыдон фæхæрды сты, уый бамбæрстой, æмæ мæстæй фæцæйтыдтой. Фæлæ цы сæ бон уыд.
Уæдæй нырмæ рацыд 46 азы. Чи уыд æнхъæл, æмæ чырæгон телефонтæ, ныртæккæ сын цы миниуджытæ ис, уый онг бахæццæ уыдзысты. Уæллæй, дуканимæ дзул æлхæнынмæ сæхæдæг нæма ауайынц, æндæр адзурыны монцтæ æххæстæй дæр сæ бар баисты. Гъемæ, уæ чырæгон телефонтæй æрмæстдæр хорз хабæрттæ куыд хъусат, уый уын нæ цæст уарзы.