Алагиры æмæ Дзауы районы кæддæры æмгуыстады традицитæ сног кæндзысты. Хуссар Ирыстоны республикæйы бæрæгбоны Алагиры минæварад æрдзырдта иу арæнтæ йын кæимæ ис, уыцы районы разамындимæ. Фæнд кæнынц æмгуыстады бадзырд бафыссын. Дзауы район дæр иумæ кусынмæ цæттæ у. Бæлвырддæр хабæрттæ базондзыстут нæ дарддæры æрмæгæй.
Дзауы поселочы Къостайæн байгом кодтой бюст. Ацы цаумæ иууылдæр тынг рагæй æмæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кастысты. Бюст байгом кæныны кадджын уавæры архайдта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий. Уый раарфæ кодта сеппæтæн дæр Республикæйы боны фæдыл. Бузныджы ныхæстæ загъта скульптортæ Хайты Владимир æмæ Лалыты Левæн. Хуссар æмæ Цæгаты ‘хсæн бастдзинæдтæ кæй фидар кæны, уый фæдыл Хæлардзинады орденæй схорзæхджын кодта Лалыты Левы.
Кадджын мадзалмæ ссыд Алагиры районы делегаци дæр. Æгъдаумæ гæсгæ Дзауы районы администраци уазджытыл сæмбæлд æмæ сын «æгасцуай» загътой æртæ чъирийы æмæ бæгæныйы къусимæ. Уый фæстæ кадджын уавæры систой паддзахаон тырысатæ. Уазджытæ ма бабæрæг кодтой Дзауы скъола-интернат дæр. Бæстыхай æрæджы сцалцæг кодтой. Сывæллæттæн дзы сарæзтой ног спортивон фæзтæ. Алагирæгтæ интернаты хъомылгæнинæгтæн æрбахастой лæвæрттæ.
Фæлæ Алагиры минæвæрттæ æрмæст бæрæгбоны арфæтæ ракæныны фæдыл не рбацыдысты. Уыд ма сæм ноджыдæр иу хæс – дыууæ районы æмгуыстадыл æрдзурын. Раст зæгъгæйæ та, раздæры бастдзинæдтæ сног кæныныл. Куыд зонæм, афтæмæй бирæ азты районтæ æнтыстджынæй кодтой æмгуыст. Фæстæдæр бастдзинæдтæ бамынæг сты. Ныр хъуыддаг аивыны фæнд скодтой.
Ныр 2-аг хатт фембæлдысты. Фыццаг уыд июны. Уæд Хуссар Ирыстоны минæварад ссыд ахæм хæсимæ. Базонгæ сты, æрныхас кодтой æмæ иумæйаг пълæнттæ сбæлвырд кодтой.
Дыууæ районы дæр сæ зæрдæ дарынц, æртыккаг фембæлды фæстæ æппæт фарстаты фæдыл рахæсдзысты кæронбæттæн уынаффæтæ. Бафысдзысты æмгуыстады бадзырд 5 азæ. Йæ тыхы бацæудзæн мæйы фæстæ.