Йæ цардæй ахицæн Тамбовы облæсты Думæйы депутат, не `мбæстаг Гæбуты Таймураз. Райгуырди Цæгат Ирыстоны. Ам ахуыр кодта. Уый фæстæ кусынмæ ацыд Тамбовмæ. Гæбуты Таймураз уыдис куыстуарзаг адæймаг.
Бирæ бæрнон бынæтты кодта фæллой. Алы ран дæр зæрдæргъæвдæй архайдта. 2011 азы йæ равзæрстой облæсты Думæйы депутатæй. Гæбуты Таймураз хорзæхджынгонд у “Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй” майданæй. Стыр æххуыс кодта йæ райгуырæн бæстæйæн дæр. Йæ хъæппæрисæй Бирæгъзæнджы сарæзтой Диссæгтæ `вдисæг Сыгъдæг Никъалайы номыл аргъуан. Йæ проектыл Таймураз йæхæдæг бакуыста. Æххуыс ын кодтой йæ бинонтæ дæр. Схъомыл кодта дыууæ лæппуйы. Йæ сæр сæ бæрзæндты хаста. Сæ иу – Арсен – ныртæккæ у Тамбовы облæсты губернатор.
Облæсты Думæйы æмбырды абон иу минут æдзæмæй алæуугæйæ ссардтой Гæбуты Таймуразы рухс ном. Нæ телекомпанийы номæй, мах дæр тæфæрфæс кæнæм Гæбуты Таймуразы бинонтæ æмæ къабæзтæн.