Алагиры æрыгон спортуарзджытæн абон уыд æцæг бæрæгбон. Уазæгуаты сæм æрцыдысты дунеон чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй Сидахъаты Зауырбег æмæ уæгъдибар хъæбысхæсты ерысты уæлахиздзау Байты Давид. Фæсивæдæн сарæзтой дæсныйад æвдисæн ахуыртæ. Фембæлд уыд Алагиры спорты галуаны. Уым къах бавæрæн дæр нæ уыд. Бирæтæн спортсментæ систы дæнцæгæн хæссинаг. Сæ бæллиц – афтæ æнтысджынæй спорты бæрзæндтæм схизын.
Алагиры районы фæсивæдæн абон рауад æцæг бæрæгбон. Бынæттон спорты галуаны алы кары лæппутæ æмæ чызытæм саккаг кодтой каджын уазджытæ. Сывæллæтты бабæрæг кодтой Европæ æмæ Дунейы уæгъдибар хъæбысхæсты чемпионатты уæлахиздзаутæ Сидахъаты Заурбег æмæ Байаты Давид.
Спортсментæ фæсивæдæн сарæзтой дæсныйад æвдисæн ахуыртæ. Сывæллæттæ лæмбынæг хъуыстой дунеон чемпионтæм. Сæ алы къах айстмæ дæр кастысты цымыдисæй. Алкæйдæр фæндыд исты ногдзинад базонын. Архайджытæ сæ æнкъарæнтæ æмбæхстæ дæр нæ кодтой. Зынгонд спортсментимæ фембæлд сын тынг æхсызгон уыд.
Фембæлдмæ æрбацыдысты æрмæст Алагиры районы сывæллæттæ нæ, фæлæ ма Æрыдоны æмæ Горæтгæроны районты минæвæрттæ дæр. Абон тренерты бынаты чи æрлæууыд, уыцы зындгонд спортсментæ дæр кæддæр уыдысты ацы сывæллæтты бынаты.
Мадзал аразджытæ æнхъæл дæр нæ уыдысты уый бæрц фæсивæд кæй æрбацæудзæн фембæлдмæ уый. Ахæм дæсныйад æвдисæн ахуыртæ сты пайда æмæ ахсджиаг. Хъæуы сæ арæхдæр кæнын. Фæсивæд ахæм зынгонд уазджытимæ фембæлдмæ ногæй зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсдзысты.