Æрæджы республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав йæ цæст ахаста, къахвæндæгтыл адæм цы `фсæн бæхтæ ныууагътой, уыдоныл. Уавæр йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, банымадта йæ уагхæлдыл. Шофыртæ йæ сæхæдæг дæр æмбарынц, закъон кæй халынц, уый. Фæлæ сæхи цы фæкæной, уый нæй. Уавæр ари æмæ цæхæры `хсæн цыма бахауд, ахæм у. Не сфæлдыстадон къорд æрзылд горæты уынгты, æмæ сбæрæг кодта, закъон ма халынæн дзы исты мадзæлттæ ис æви нæ, уый.
Нæ горæты хæдтулгæ ныууадзыны тыххæй бынат ссарын æнцон нæу. Хъуыддаг дисы никæйуал æфтауы. Уымæ гæсгæ шофыртæ бавдæлынц æмæ сæ къух саразынæн мадзæлттæ бацагурынц. Кæдæм сæ хъæуы, уырдæм æрбацæуынц, æмæ сæ хæдтулгæтæ цалдæр хæдзары æддæдæр ныууадзынц. Иудзырдæй, бынат кæм ссарынц, уым. Иуæй-иутæ дзы афтæ сæрæн разынынц, æмæ сæ цæлхытæ къахвæндæгтæ, стæй цъæх нæуумæ батæрынц.
Шофыртæ, нæ горæты администраци цы уынаффæ рахаста, уымæ иумæйаг цæстæнгасæй нæ ракастысты. Зонынц æй, раст кæй не сты, уый. Уаг халын дæр сæм нæ цæуы, кæй сын бауайдзæф кæнынц, уый дæр сæ нæ хæрам кæны. Фæлæ сын хуыздæр гæнæн нæй, сæ хæдтулгæйæн бынат куы нæ арой, уæд.
Закъоны домæнтæ кæд тызмæг сты, уæддæр сæ æххæст кæнын хъæуы. Фæндаггон змæлды ацыæгъдау ног нæу. Алчидæр тынг хорз зоны, машинæтæ æнæмбæлгæ рæтты, зæгъæм, къахвæндæгтыл уадзæн кæй нæй, уый. Кæд уаг фехæлдтай, уæд иваргонд æрцæудзынæ æмæ фидгæ кæн.
Уагхалджыты æфхæрдзысты афтæ: фыццаг уал сын рагфæдзæхст æрвитдзысты. Кæд уый ницы сахада, уæд сын сæ хæдтулгæтæ иварон фæзы балæууын кæндзысты. Ис Дзержинскийы номыл уынджы. Фæнысан кæнын хъæуы уый, æмæ машинæ ам иу сахат куы фæлæууа, уæд йæ хицауы бафидын хъæудзæн 25 сомы, æнæхъæн бон — уæд та 600 соммæ ввахс. Раст зæгъгæйæ, ныридæгæн уал нæ горæты хицауадмæ ис иу эвакуатор. Уæдæ уыцы иварон лæууæн бынат дæр æгæрон нæу. Ныр дæр ыл цæст куы ахæссай, уæд йе `мбис дзаг у. Афтæмæй та Дзæуджыхъæуы иваргонд хæдтулгæты бæрц къаддæр кæндзæн, уый дæр дыууæйыл у. Уавæр канд шофырты нæ тыхсын кæны, фæлæ ма бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджыты дæр. Сæ кæртыты машинæтæй азмæлæн нал вæййы. Уæвгæ иууылдæр кæрæдзийы ныхмæ куы сыстой, уæддæр уавæр фæрогдæр уыдзæн æрмæст закъоны бындурыл лæууæн бынæттæ аразынæй.
Таутиев Ахсар, Дзæуджыхъæуы галиуварсы префектурæйы разамонæг: «Нæ горæты администрицимæ ивар кæнын хорз нæ кæсы, фæнды сæфарста аиуварс кæнын, цæмæй иууылдæр разыйæ баззайой. Цæмæй нæ горæты аив рæттæ æнæвнæлдæй баззайой, уæдæ шофырты хæдтулгæтæн дæр цæмæй уæгъд лæууæн бынæттæ фæзына. Уый фæрцы цъæхфæлыст бынæттæ хъыгдард нæ цæудзысты».
Куыд фæзæгъынц, фæразын хъæуы. Нæ республикæйы хæдтулгæты бæрц азæй-азмæ фылдæрæй-фылдæр кæны. Æрмæст фарон азмæ сыл бафтыд 30 мины. Цыфæнды иварты фæстæ дæр адæймаг йæ хæдтулгæ, мыййаг, йæ балкъонмæ куы нæ сисдзæн.