Барджыты цæлхдуртимæ фæндагыл æнтыстджынæй ахизыныл ахуыр кæнынц нæ республикæйы бæхтыспортивон скъолайы. Ныридæгæн уал ахæм адæм сты 200-йы. Цæгат Ирыстоны ахæм скъола у æрмæстдæр иунæг. Дыууæ азы размæ сæ фадæттæ фæхуыздæр сты. Ахуыртæ цы манежы аразынц, уый сæр сын бамбæрзтой. Ныр спортивон скъолайы æртæ хъомылгæнинаджы сæхи цæттæ кæнынц 2020 азы Олимпиадæмæ.
Ацы аив, фæлæ хивæнд цæрæгойтимæ барджытæ раст цыма æнæдзургæйæ æмбарынц кæрæдзийы, афтæ зыны. Æмбаргæ нæ, фæлæ, растдæр зæгъгæйæ, æнкъаргæ. Сæ алы фезмæлд дæр дæсгай хатты сфæлхат кæнынц. Хъуамæ алы элемент дæр афтæ `вдисой, цæмæй йæм фау æрхæссæн ма уа. Скъолайы ис 200 адæймагмæ `ввахс, тренировкæтæ кæнынц алы бон дæр. Кусынц цалдæр къордæй. Райсæмæй изæрмæ. Цы фæлтæрæнтæ хъуамæ сæххæст кæной, уый аразгæ у барджыты цæттæдзинадæй.
Бæхтыспортивон скъола ис Цæгат Ирыстоны спорты министрады бæрны. Байгом æй кодтой 1963-æм азы. Кæддæр дзы æмбæлгæ фадæттæ уæвгæ дæр нæ уыд. Йæ фæзуат къуындæг уыдис. 90-æм азты бæхты скъола раивтой ардæм, Заводы поселокмæ. Ам дæр сæ уавæртæ зæрдæйы фæндиаг уайтагъд нæ рауадысты. Афæдзгæйттæ барджытæ сæ арæхстдзинад æхсыстой гом арвы бын. 2016-æм азы сын сарæзтой æхгæд фæз. Сарæзтой йæ федералон программæйы фæлгæты республикæйы æмæ Уæрæсейы бюджетты хæрдзтæй.
РЦИ-Аланийы бæхты спорты иугонд командæйы сæйраг тренер Хъыбызты Фердинанд: «Дыууæ аз размæ нын сæрмагонд фæз куы сарæзтой, уæд нæ уавæртæ дæр фæхуыздæр сты. сывæллæттæ дæр нæм фылдæр цæуын райдыдта. Зымæджы нæм нæ цыдысты, цалынмæ гом арвы бын уыдыстæм, уæдмæ».
Уавæртæ ныр æцæгæйдæр бæллиццаг сты. Бæхты спортмæ æмхиц адæмы нымæц кæны фылдæрæй-фылдæр.
Бæхты спорты мастер Гатеты Аланæ: «Нæ зæрдæ райы нæ уавæртæй. Куыддæриддæр æмбæлдис, афтæ нын сæ сарæзтой. Ахæм фадæттæ Уæрæсейы дæр никуы федтам, ацы скъола тæккæ хуыздæр у æгас бæстæйы».
Раст зæгъгæйæ ма сын иучысыл кусинæгтæ баззад. Фæзы уæлцъар ивын хъæуы. Æгæр уæззау æмæ бæзджын у. Афтæмæй бæхты нуæрттæ, гæнæн ис, æмæ фæхъæдгом уой. Уæвгæ, бæхтæн дæр сæхицæй иуты баивын хъæуы. Æрмæстдæр уæд Ирыстоны бæхтыспортивон скъола Уæрæсейы суыдзæн канд хуыздæр нæ, фæлæ ма æппæты кадджын дæр.