Куыд æппæт Уæрæсейы афтæ Цæгат Ирыстоны дæр райдыдтой Иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ раттыны уæлæмхасæн бонтæ. Ахæм фадат ис куыд ацы азы, афтæ ивгъуыд азты рауагъдонтæн дæр. Уæлæмхасæн бонты фæлварæнтæ дæттынц алыхуызон аххосæгтæм гæсгæ: кæмæн йæ бæрæггæнæнæй йæ зæрдæ нæ барад, чи та ахсджиаг æфсонмæ гæсгæ фæцух кодта.
Скъола куыддæр каст фæци, афтæ Герасим Патаркацишвилимæ æфсадмæ фæсидтысты. Службæ кодта Ленинграды облæсты бастдзинады æфсаддон хæйтты. Афæдзы фæстæ, ацы аз майы ссыд йæ хæдзармæ. Лæппуйы хæдзары бадын нæ бафæндыд æмæ сфæнд кодта Нахимовы номыл æфсæддон-денджызон училищæйы ахуыр кæнынмæ йæ гæххæттæ балæвæрдта. Фæнды йæ науы капитан суæвын.
«Æз тынг уарзын денджыз. Мæ фыд кæддæр наудзог уыд. Мæ зæрдæмæ алкæддæр цыди ацы дæсныйад, фæндгæ дæр мæ куыннæ кодта. Æвæццæгæн, мæ царды кæмæй кусын фæнды, ахæм дæсныйад у», — Герасим Патаркацишвили.
Фæлæ райгуырæн бæстæмæ куы ссыд, уæд ахуыры тыххæй Герасиммæ фæзынд цавæрдæр фарстатæ. Цæмæй училищæмæ ахуыр кæнынмæ бацыдаид, уый тыххæй йæ физикæйæ хъуыд уæлдæр балтæ. Фæлæ куыд ма рауадаид иумæйаг паддзахадон фæлварæн раттын, кæд æмæ фæлварæнмæ курдиатт бадæттæн уыд ацы азы 1-æм февралы онг. Уыцы рæстæг та æфсады уыд. Фæлæ лæппу йæ бæллицмæ тынг тырны.
Герасимы фарста лыггонд æрцыд. Кæд æмæ Уæрæсейы алы горæттæй дæр Сергей Кравцовиæ бирæ фарстатæ уыд, уæддæр лæппуйы æнæ цæстдардæй нæ ныууагъта. Лæппу куыд загъта, афтæмæй йæ хъуыддаг афтæ тагъд кæй сраст уыдзæн, уый æнхъæл æппындæр нæ уыди.
«Уый мæ фарстайыл цыбыр рæстæгмæ бакуыста. Уайтагъд æй сбастой нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрадимæ. Комкоммæ эфиры бар радта физикæйæ фæлварæн раттынæн», — Герасим Патаркацишвили.
Уæрæсейы æмæ нæ республикæйы ахуырады министрадттæ разы сты, йæ гæххæтытæ бæлвырд æмгъуыдмæ чи нæ бацæттæ кодта, ахæм фæсивæдæн дарддæр дæр æххуыс кæнын.
Иумæйаг ахуырад æмæ сывæллæтты социалон æххуысы хайады консультант Реуазты Анжелæ: «Фыццæгæм февралы фæстæ курдиæттæ исынц æрмæст айсинаг æфсон кæмæн вæййы, уыдонæй. Уыимæ сæм хъуамæ уа æвдисæн гæххæтт. Уыдис нæм ахæм цаутæ дæр æмæ фарон рауагъдонтæ уыдысты рынчын, кæнæ исты низæй тыхстысты. Кæнæ та архайдтой ахсджиаг ерысты. Уыдис сæм сæрмагонд справкæтæ æмæ иу сæ бауагътам.
Иу фарста ахицæн, дыккаг та у – бæлиццаг ахуыргæнæнæдонмæ фæлварæн радтын. Герасим йæхи хорз бацæттæ кодта. Алы бон репетитортимæ ахуыртæ дзæгъæлы не фесты. Фæлварæны хæслæвæрдттæ сæххæст кодта. фæлæ куыд, уый фæстæдæр базондзæн.
Цалдæр боны фæстæ бæрæггæнæтæ фехъусын кæндзысты. Æмæ кæд йæ фæндиаг фæуыдзысты, уæд фæззæджы училищæмæ ацæудзæн. Ахуыр кæндзæн науы капитаныл.
Пелиты Сабинæ