Цæгат Ирыстоны хæхтæм цы туристтæ абалц кæной, уыдонæн сарæзтой электрон хуызы регистраци кæныны фадат. Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады разамынды сайты ис сæрмагонд хайад. Уым регистраци скæнын сæ бон уыдзæн куыд уæрæсеаг туристтæн, афтæ фæсарæйнæгтæн дæр.
Туристты къорды разамонæг хъуамæ сайты фæнысан кæна, кæдæм цæуынц, цафон бахæццæ уыдзысты æмæ цал адæймаджы сты, уый. Фæстæмæ куы раздæхой, уæддæр хъуамæ сæ балцы кæроны тыххæй фехъусын кæной ирвæзынгæнæн-агурæн къордæн. Фæнысан кæндзыстæм уый, æмæ ахæм ног фæтк ахъаз у туристты æдасдзинадæн.