Интеллектуалон хъазт «Зондабитæ» абон сарæзтой сывæллæтты сфæлдыстады галуаны. Сты радон, ацы хат ацыдысты 24-æм хат. Сæ зонындзинæдтæ равдисыны бар дзы уыд нæ республикæйы районты скъоладзаутæн. Æдæппæтæй дзы архайдта 5 къордæй фылдæр. Хъазты сæйраг темæ уыд – Театр.
Скъоладзаутæ хъуамæ бацæттæ кодтаиккой Ирон театры спектаклтæй скъуыддзæгтæ, уымæй уæлдай ма равдыстаиккой театры актерты куыд хорз зонынц, уый. Хъазт арæзт уыд Брейн-Рингы хуызы. Сæ куыстæн сын аргъ кодтой Цæгат Ирыстоны Паддзахадон драмон театры сæйраг режиссер Уалыты Гиви æмæ нæ республикæйы хицауады администрацийы кусæг Бигъуылты Людмилæ. Жюрийы уæнгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй сывæллæттæ сæхи дзæбæх бацæттæ кодтой.