Нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Цæгат Ирыстоны боксы федерацийы президент Дзгойты Константинимæ. Мадзалы ма архайдтой хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ, физкультурæ æмæ спорты министр Гæбулты Владимир.
Битарты Вячеслав загъта бузныг Дзгойты Константинæн турнир фæзминаг кæй рауад, уый тыххæй æмæ ацы спорты хуызмæ стыр æвæрæн кæй бахаста. Уымæй уæлдай ма Битарты Вячеслав ахæм ахсджиаг мадзал нæ республикæйы кæй сарæзтой уый тыххæй фæбузныг Уæрæсейы спорты министрадæй. Фæнысан ма кодта спонсорты дæр Гуыриаты Владимир æмæ Дзгойты Тамерланы.
Битарты Вячеслав куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ахæм къæпхæны ерыстæ Цæгат Ирыстоныл хуыздæры рдæм фæбæрæг уыдзысты.