Чехийæ дохтыр Томаш Скричка фембæлд Цæгат Ирыстоны паддзахадон медакадемийы студенттимæ. Уый у Европæйы колопроктологийы къабазы хуыздæр дохтыртæй иу. Фæсарæйнаг дохтыримæ аныхас кодтой алыхуызон темæтыл. Зæгъæм, дохтыртæ хъуамæ сæ дæсныйады цавæр миниуджытæй хайджын уой, ууыл. Суанг ма чехаг дохтырты мызды тыххæй дæр.
Томаш Скричка студентты æппæт фæрстытæн дæр дзуаппытæ радта. Куыд рабæрæг, афтæмæй дохтыр нæ республикæйы раздæр дæр уыдис. Ацы хатт нæм сæмбæлд туристы хуызы. Æмæ, куыд бамбæрстат, афтæмæй йæм разынд нæ республикæйы фидæны дохтыртимæ фембæлыны фæнд дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Чехийы медицинон университет æмæ Цæгат Ирыстоны медицинон академийы студенттæ кæрæдзийæн сæ фæлтæрддзинад кæй нæ бавгъау кодтой, уый стыр пайда æрхæсдзæн.
«Дунейы ныртæккæ цы уавæр ис, уый тыххæй зын уыдзæн æмгуыстады фарстатыл дзурын. Уымæй уæлдай ма нæ университеты ректор Уæрæсейы ректоры ныхмæ лæууы. Мæ уырыссаг æмкусджыты куы суазæг кæнын, уæд мын суанг цæлхдуртæ дæр саразынц. Фæлæ мæ ныфс ис, хъуыддаг искæд хуыздæрырдæм кæй раивдзæн, уымæй», – Прагæйы паддзахадон университеты профессор Томаш Скричка.