Хуссар Ирыстонмæ абон ссыдысты Алексей Северцовы номыл экологийы фарстаты фæдыл институты ахуыргæндтæ. Райсом абалц кæндзысты хæхтæм, цалдæр мæйы размæ цы фыранк фесæфт, уый агурæг. Фарон сæрды Цæгат Ирыстоны национ парк «Алани»-йы ауагътой дыууæ фыранчы – Волна æмæ Эльбрус. Ахуыргæндтæ сыл бакодтой хъуырыл даргæ спутникон цæгтæ, цæмæй сæ чи кæм ис, уый бæрæг уа.
Волнамæ зæрдæ не `хсайы. Фæлæ Эльбрус цы бацис, уый бæлвырдæй бæрæг нæу. Афтыд Хуссар Ирыстоны хæхтæм æмæ уым йæ спутникон цæджы бæрæггæнæнтæ сæ бынатæй нал змæлынц. Цæрæгойыл цы `рцыд, уый раиртасыныл ныр бæстонæй бацархайдзысты. Уымæй уæлдай ма балцы рæстæг, ахуыргæндтæ сбæрæг кæндзысты бынаты цы уавæртæ ис, уый. Афтæмæй уынаффæ рахæсдзысты 2020 азы ма цы фыранкты хъавынц æрдзмæ рауадзын, уыдонæн хуыздæр бынат кæм ис, уый. Ныртæккæ цæрæгойтæ сты Сочийы цæнтры.
Реабилитаци куы ацæуой, уæд сæ рауаддзысты фæдзæхст бынæттæм. Мах абон аныхас кодтам Хуссар Ирыстоны геологи, экологи æмæ æрдзæй пайда кæныны комитеты разамонæг Бестауты Балаимæ. Цы нын радзырдта, уымæ ма байхъусут.