Традицитæй æмæ хъуыддæгтæй фидар чи у, хъæды ахæм хæдзарады скъола ис Цæгат Ирыстоны. Уыцы хъуыдыйыл хæст у хъæды хæдзарады федералон агентады разамонæджы хæдивæг Михаил Клинов хицауады сæрдар Тускъаты Таймуразимæ фембæлды рæстæг.
Премьер радзырдта, куыстуатæн ивгъуыд аз сæрмагонд хæдтулгæтæ кæй самал кодтой, уый тыххæй. Кировы æмæ Мæздæджы районы хъæд садзыны куыстытæ апарахат сты 24 мин гектары фæзуатыл.
Ацы аз республикæйы хицауад фæнд кæны зынгсирвæзты æмæ хъæды хæдзарадæн æмбæлгæ техникæ лизинджы хуызы самал кæнын. Уымæй уæлдай ма æмбырды æрдзырдтой национ проект «Экологи» йыл дæр.