Нæ цæстæнгас Дыгуры районмæ. Ам парахат кæны фермерты хæдзарæдты ахадындзинад. Егъау æмæ чысыл амалхъомдзинадæн уавæртæ хуыздæр кæнынц. Фæлæ ма, зæгъæм, Дигорайы фермертæ зæххимæ куыстмæ сæ ахастдзинад аивтой. Æрбахуыдтой Кæсæг-Балхъайраг компани. Уыдонæн сæ бон у, зæххæн минералон буаргъæдтæй цы нæ фаг кæны, уый раиртасын. Фидæны уый фæрцы тыллæг фæхъæздыгдæр вæййы. Цы `рзайын кæнынц, уый та фермертæ канд Цæгат Ирыстоны нæ уæй кæнынц, фæлæ ма дзы æндæр регионты дæр саходныц.
Дигорайы районы зæххыты тыххæй Бадриаты Маринæ зоны алцыдæр. Кæм цы зайы, æмæ кæм цы хуыздæр хъæуы ныссадзын. Маринæ у районы хъæууон хæдзарад управленийы разамонæг. Æртæккæ Дыгуры бæстæйы ис цыппæрдæс мины æмæ æхсæзсæдæ гектары. Сæ тыллæгæй-иу хъаст нæ кодтой. Сæ хуымты бæркадæй алы аз дæр зæрдæ фæрАйы. Канд Цæгат Ирыстоны сæ базайраг нæ уæй кæнынц, ласынц ма йæ æндæр регионтæм дæр.
Фæлæ йæм афтæ кæсы, æмæ рæстæджы цыдимæ зæххимæ ахастытæ дæр хъуамæ ивой. Уый тыххæй æрбахуыдтой Кæсæг-Балхъарæй компани. Уыдонæн сæ бон у, зæххæн минералон буаргъæдтæй цы нæ фаг кæны, уый раиртасын. Уый тыххæй дзы сисынц хуызæгтæ. Фæстæдæр сæм лабораторийы æркæсынц æмæ алы бæрæгæнæнтæ дæр бабæлвырд кæнынц. Компанийы разамонæг куыд зæгъы, афтæмæй Цæгат Ирыстоны зæххæн йæ бон у ноджы фылдæр тыллæг дæттын æмæ хорæрзад фæбæрзонддæр кæнын.
Валерий Колтунов, колсантинджы компанийы разамонæг: «Ныртæккæ зæхмæ ма зил æмæ йæм стыр тыллæгмæ æнхъæлмæ кæс, зæгъгæ, хъуыдыйыл хæст уæвын рæдыд у. Мах æй хъуамæ бамбарæм, уæ зыххыты авналæнтæ цас хъомысджын сты, уый. Цавæр буаргъæдтæ дзы нæ фаг кæны æмæ цæмæй цух у, уыдæттæ. Низджын у æви нæ, уый. Æппæт уыдæттæ куы базонæм. уæд скæнæм æмбæлгæ хатдзæгтæ æмæ нæ фиппаинæгтæ фæнысан кæнæм. Куы хъæуа, уæд фæкæсæм мæрмæ минералон хъацæнтæй, спайда кæнæм зайæгойтæ хъахъхъæныны мадзæлттæй».
Ацы куыстуат егъау у. Æрзайын кæнынц нартхор, сойæ æмæ картоф. Бирæ техникæ сæм ис. Кæсынц сæм тынг лæмбынæг, куы хъæуа, уæд сæ сцалцæг кæнынц. Алы куысты фæстæ ма сæ машинæтæ æхсгæ дæр ныæкæнынц. Ныр та ма сæ фадæттæ ноджы уæрæхдæр фесты. Ног кусæнгæрзтæ самал кодтой. Хъуамæ 10 къаддæр ма фæлæууой.
Балхæдтой сæ «Росагролизинджы» руаджы. Уæлдай хорз хъæппæрисыл хъæууон хæдзарадон куыстуаты разамонæг нымайы Кæсæгæй уазджыты æххуыс. Сæ руаджы сæ тыллæг фæфылдæр уыдзæн, уæдæ зæххыты хæрзхъæддзинад дæр зæрдæхсаинаг нал уыдзæн. Аиппытæ сæм куы разына, уæд та сын хос ссардзысты.
Плиты Хетæг