Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты студенттæ систы, Челябинскы 1 октябрæй 4 октябры онг цы æрыгон металлургты æппæтуæрæсеон чемпионат «Metal Cup» цыдис, уый æвзист майданты призертæ.
Æрыгæтты къорд «Сталь» ахæм хуызы чемпионаты фыццаг хатт нæ архайы. Дыууæ азмæ – 5 проекты æмæ 6 чемпионаты. Сæрды та систы технологон стратегийы æппæтадæмон ерысты суперкубокы уæлахиздзаутæ. Бацæттæ йæм кодтой «Высота 239+ и на метр выше», зæгъгæ, проект. Йæ сæйраг хъуыды уыд æндадзæн хуыдимæ бакусыны ног мадзæлттæ æрхъуыды кæнын æмæ сæ фæхуыздæр кæнын. Командæйы капитан Махъоты Аллæ куыд зæгъы, афтæмæй ахæм хуызы ерысты архайд нæ республикæйы металлургон къабазы рæзтæн уыдзæн тынг ахъаз. Ныридæгæн та уал æрыгæттæ сæхи цæттæ кæнынц, 2019 азы цы чемпионаттæ уыдзысты, уыдонмæ.
Командæ «Сталь»-ы капитан Махъоты Аллæ: «Не ппæт дæр æмбарæм, нæ алыварс металлурги кæй ис. Уый дын хæдтулгæтæ, хæдзæртты сæртæ, рудзгуытæ, хъармгæнæнтæ. Хъыгагæн, бирæтæ металлургийы вазыгджындзинады тыххæй ферох кæнынц. Уымæ гæсгæ арæх æрцæуынц фыдбылызтæ. Мах нæ фидæны цард бæттæм ацы къабазимæ, фæнды нæ ацы дæсныйады кусын».