preloader
сейчас в эфире
09:46
ВЕРХНЯЯ ТОЧКА 16+
Смотрите Далее
10:00
НОВОСТИ 12+
10:15
БОЛЬШИЕ ОСЕТИНЫ 12+
11:00
БРИФИНГ ГЛАВЫ РСО-АЛАНИЯ СЕРГЕЯ ИВАНОВИЧА МЕНЯЙЛО 12+
12:00
ВОТ ТАКИЕ ПИРОГИ 12+
12:20
МУЗЫКÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ВЕРХНЯЯ ТОЧКА 16+
close

Хъыргъаты Руслан йæ цард снывонд кодта йæ дæсныйадæн

23.04.2019 23:06

Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар та у Хъыргъаты Руслан. У дзюдойæ æмæ джиу-джитцуæ тренер.

Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар та у Хъыргъаты Руслан. У дзюдойæ æмæ джиу-джитцуæ тренер. Йæ бæрны, спортæй архайынц, куыд лæппутæ, афтæ чызджытæ дæр. Иу æмæ дыууæ хатты сæхи æнтысджынæй нæ равдыстой алы хуызон ерысты. Спорты бæрзæндтæм тырнырц уæндонæй. Фæуæлахиз вæййынц канд нæ республикæйы цы турниртæ саразынц, уым нæ, фæлæ ма Уæрæсейы æмæ фæсарæнты дæр. Афтæмæй сæ тренер Хъыргъаты Руслан йæ куыстæй разæнгард кæны. Куыд зæгъы, афтæмæй йæм цæуы, раст цыма бæрæгбон у, афтæ. Абон йемæ фембæлыд нæ уацхæссæг Къуымæлæгкаты Фатимæ. Иумæ аныхас кодтой йæ тренеры куысты тыххæй, радзырдта фидæниæ ма йæм цы пълæнттæ ис, уый тыххæй дæр. Цы рауад сæ ныхасæй, уымæ ма бакæсут.

Дзасохты Ацæмæз дзюдомæ цæуы афæдз. Кæд нырма лæппу хæрз æрыгон у, уæддæр йæм фидæнмæ ис стыр хъуыдытæ. Æмæ иууылдæр сты баст спортимæ. Уымæ йæ разæнгард кæны йæ тренер. Фæзминаг хистæр æй хоны.

Хъыргъаты Руслан тренеры куыст кæнын райдыдта 2009 азы, Джызæлы. 2011 азы рацыд Дзæуджыхъæумæ, спортивон комплекс «Динамо»-мæ. Уæдæй абонмæ архайы рæзгæ фæлтæримæ. У дзюдо æмæ джиу-джитсуйы тренер.

Хорзы хабар дардмæ хъуысы, зæгъгæ, дзæгъæлы нæ фæдзурынц. Хъыргъаты Русланмæ сывæллæттæ цæуынц алы районтæй æмæ хъæутæй. Йемæ кусынц зæрдæрайгæйæ.

Сывæллæтимæ ахæм лæмбынæг куыст кæй кæны, уый цæуы ныййарджыты зæрдæтæм дæр. Йæ кæстæры, дам, æвзæр ахуыргæнæгмæ ничи бакæндзæн. Русланæн йæ алы къорды 50 сывæллонæй фылдæр кæй ис,уый дæр бирæйы нысан у.

Сывæллæты хсæн ис секцитæм цæуынæн, сæ дзыпп кæмæн нæ амоны, ахæмтæ. Уыдонимæ Руслан кусы лæвар. Бирæ хæттыты аласы æххуысцух бинонты сывæллæтты ерыстæм. Бацагуры сын хæрзгæнджыты æмæ сæм афтæ фæкæсы. Русланæн йæхицæн ис 5 фырты. 4 дзы архайынц дзюдойæ. Тренер куыд дзуры,афтæмæй йæ ахуырдзаутимæ дæр раст цыма йæхи сывæллæттæ, афтæ кусы. Уый бæрæг у йæ ныхасыл дæр.

Сывæллæтимæ Хъыргъаты Руслан æнгом куыст æрмæст залы нæ кæны.Йæ кæстæртæн у фæзминаг хистæр. Арæх йæ ахуырдзауты аласы æрдзмæ. Уыс сæхи фæирхæфсын. Афтæмæй сæ ахуыр кæны æмгарджын æмæ хæларзæрдæтæ уæвын.

Къуымæллæгкаты Фатимæ

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Полет шмеля
23.04.2024
Сывæллоны фæллойадон бартæ, Къостайы мысгӕйӕ, чиныджы бон ӕмӕ елхотӕгтӕ Мӕскуыйы
23.04.2024
Хуадонты Фатимæ
23.04.2024
Интервью с Главой РСО-Алания Сергеем Ивановичем Меняйло
22.04.2024
День книг, День нотариата и музыкальный онлайн-марафон
22.04.2024
Хъулаты Андрей
22.04.2024
Олег Хамоков
22.04.2024
Alania Fashion Day
21.04.2024
В итоге: 21 итоге
21.04.2024
Профессия
21.04.2024
Хамство
21.04.2024
Маргиевы
20.04.2024
«Хонк-фест». Художник Руслан Тхазапдижев. Музей-заповедник Лермонтова
20.04.2024
Учителя школы-интерната во Владикавказе
20.04.2024
Адæмон фронты куыст, ног хиирхæфсæн мадзал æмæ Турчы цæрæг ирæттæ Ирыстоны
19.04.2024
Все рекомендуемое