Цалынмæ уал Уæрæсе йæ циндзинадыл заргæ æмæ кафгæ кæны, уæдмæ иннæ бæстæтæй та кæцыдæртæ хъынцъым кæнынц. Уæвгæ, афтæ сыл сахуыр стæм, æмæ нæ сæ ныхас ницыуал æндавы. Фылдæр цъæххаст кæцæй хъуысы, уый Украинæ. Зæгъæм, бæстæйы президент Петр Порошенко афтæ зæгъы, кæд, дам, паддзахады сæргъы ногæй æрлæууон, уæд, дам, Хъырым фæстæмæ Украинæмæ раздахдзынæн. Раст Къостайы рæнхъытæ æрлæууынц зæрдыл – мæгуыры зæрдæ – фынтæй хъал.
Уæвгæ Порошенкойæн дзуапдæттæг дæр фæцис. Хъырымы Парламенты сæрдары хæдивæг Ефим Фиксы ныхæстæ апарахат кодта агентад «РИА Новости». Куыд хъуыды кæны, афтæмæй Порошенко йæхæдæг æвдисæн уыдис Хъырымы цæрджыты циндзинадæн. 2014-æм азы февралы кæрон ма Украинæйы президент йæхæдæг Симферопольмæ дæр сæмбæлд, фæлæ йæм нæ адæмæй, нæ æрдæгсакъадахы хицауадæй хъусæг нæ разынд. Хъаз доны баппæрстой Евроцæдисы минæвæрттæ дæр.
Уæрæсейы циндзинадыл дзургæйæ та райхъуыстысты, историйы рыджы бын чи фæцис, уыцы раздæры зарджытæ. Мæскуы, дам, æгас Зæххы къорийы барад хъуыды дæр не `ркодта. Ахæм ныхæстимæ та ногæй фæсидтысты Иугонд Нациты Организацийы уæнгтæм, цæмæй Хъырым уæрæсейаг регионыл ма банымайой. Дзурынмæ ардауын дæр кæй нæ хъæуы, уый ныхæстæ сты – Федерико Могеринийы. Æрхъуыды кодта алцыдæр: Украинæйы денджызонтæй райдай æмæ афтæ дарддæр. Европæмæ ма суанг фæсфурдæй дæр æххуысы къух æрбадардтой. Раст мæ бамбæрстат: Америкæйæ зæгъын.
Паддзахадон департаменты официалон минæвары хæдивæг Роберт Палладино 2014-æм азы референдум банымадта «мæнгыл», стæй «хæцæнгарзы цæсты бынæй кæй сарæзтой», ахæмыл. Уый нæ, фæлæ ма сæхи цард дæр змæнтынц Хъырымы цаутимæ ахастæй. Цæвиттон, конгрессы дæллаг палатæ бартхъирæн кодта бæстæйы разамындмæ, цæмæй Уæрæсейы фæндыл ма разы кæной. О, фæлæ æрмæстдæр уæд, æмæ Америкæйы национ æдасдзинадæн тæссаг куы уа. Цæмæй сын хъуамæ тæссаг уа, уый ничи бамбæрста, уæвгæ. Фæлæ уыцы удаист æрдиагмæ уыйас хъусæг дæр нал ис. Зæгъæм, фæстæмæ Европæмæ раздæхæм.
Францийы амалхъом адæмæй иуæй-иутæ фæнд кæнынц Хъырымы хуыйджыты куыстад байгом кæнын. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы экономикон райрæзты министрады пресс-службæ. Уазджытæ сæхи цæстæй федтой Хъырымы авналæнтæ, цы сæ хъæуы куыстадæн бындур сæвæрынæн, уый загътой. Францийы минæвæрттæ уæлæдарæсы бакастыл кусдзысты сæхи бæстæйы ,фæлæ хуыйджытæ та æххуырсдзысты Хъырымы цæрджытæн сæхи `хсæнæй. Чи сæм кусдзæн, уыдоныл уал сæ цæст ахастой – бабæрæг кодтой республикæйы ахуыргæнæндæттæ.
Уæдæ уæрæсеаг регионимæ æмгуыстадæй сæхи дард нæ ласынц азиаг бæстæтæ дæр. Зæгъæм, сæ тæккæ егъаудæр – Китай. Уый тыххæй æмгуыст кæнынц Уæрæсейы бынæттон минæварадимæ. Китайаг амалхъом адæмы бафæндыд, Ялтæйы цы æхсæнадæмон экономикон форум ацæудзæн, уым бацархайын. Цæудзæн 17-æмæй 20-æм апрельмæ. Уæрæсейы минæварады сæ зæрдæ дарынц, раздæрау Хъырым æмæ Китайы провинци Хайнань кæрæдзийы æмбарын кæй райдайдзысты. Афтæ – Ялтæ æмæ СаньЯ, Севастополь æмæ Далянь, Судак æмæ Хэйхэ дæр. Цы ма уа уымæй хуыздæр…