Кæрæдзийæ дæнцæг хæссын æмæ фæлтæрддзинад не `вгъау кæнын. Рахизфарсы районы культурæйы галуаны архайджытæм Æрыдоны районы цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Кæдæй-уæдæй сæм ныр сæмбæлдысты. Аивадон къордты зæрдæмæ дæр ацы концерт куыд нæ фæцыдаид. Чи цæмæ арæхсы, уый фæскулисты нæ фæуагъта, фæлæ йæ сценæйыл адæмы рæгъмæ рахаста.
Чи уæндонæй, чи та тæрсгæйæ, фæлæ ацы бонмæ сæхи бирæ рæсугъд къордтæ бацæттæ кодтой. Фæндыд сæ Æрыдоны цæрджыты зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнын. Æрыдоны культурæйы галуаны къах бавæрæн дæр нæ уыд. Кулисæты фæстæ сæдæйæ фылдæр кафджытæ æмæ зарæггæнджытæ уыдысты. Залы бынат ссарынмæ та тагъд кодтой аивадуарзджытæ.
Куыд фæзæгынц: алы хъæу йæхи культурæйæ æвдисы. Афтæ у аивады дæр. Комæй-коммæ, хъæуæй-хъæумæ – алы ран ис йæ йæхи хицæндзинæдтæ. Алы хъæуы ис сæхи уартисттæ. Иумæ репетицитæм куы æрæмбырд вæййынц, уæд бар-æнæбары цæуы хъомыладон куыст дæр. Уый та хорз у, рæзгæ фæлтæр ахуыр кæнынц кæрæдзийæн аргъ кæнын æмæ кæрæдзиимæ хæларæй цæрын.
Зæрдæйы хъæлдзæг ахаст æмæ мидбылхудт. Культурæйы министрады хъæппæрисæй ахæм фембæлдттæ хъуамæ фæарæхдæр уой. Кафæджы курдиатæн аргъ куы кæнай, уæд сæ зæрдæты бацæуы æгæрон тых æмæ æнцойдзинад. Базыртæ сын базайы æмæ се сфæлдыстыд парахатæй лæвар кæнынц адæмæн. Артисттæ æмæ хъæуты цæрджытæ сæ зæрдæ дарынц, ахæм фембæлдттæ арæхдæр кæй уыдзысты, ууыл.
Ацы изæр хъуыстысты уарзон: «Фыййауы зарæг», «Доны кæсаг», «Нартыхъты Сосоил» æмæ хъазахъхъаг зарджытæ. Æрмæст уыдонæй нæ бахъæлдзæг кодтой æрбацæуджыты зæрдæтæ. Самба, испайнаг æмæ латинаг кæфтытæ чи кодта, уыдоныл æмбæлыдысты тыхджын къухæмдзæгъдимæ. Уæвгæ, аивадæн Цæгат Ирыстоны кæддæриддæр стыр аргъ кодтой. Артисттæ та сæ зæрдæ дарынц – ахæм концерттæм кæсгæйæ, кæстæртæ дæр сфæлдыстады фæндагыл кæй æрлæудзысты æмæ республикæйы культурæмæ стыр æвæрæн кæй бахæсдзысты, ууыл. Стæй нæм хæстæгдæр фидæны ног стъалытæ кæй ссуддзысты æмæ сæ нæмттæ кæй айхъуысдзысты, ууыл.