Æмхæццæ хъæбысхæсты фыццаг национ ерыстæ «IRON LEGION TROPHY»-йы сбæрæг сты хуыздæртæ. Не мзæххонтæ фембæлыдысты уæрæсейаг спортсментимæ. Уыимæ ма фæсарæйнаг минæвæрттимæ дæр. 7 кубокы æмæ 3 роны. Кæй къухы бафтыдысты æмæ йæхи æнтысджынæй чи равдыста, уый тыххæй Гогаты Мараты æрмæг.
Ацы уæлахизмæ спортуарджытæ æнæхъæн бон æнхъæлмæ кастысты. Тыбылты Ибрагим – æмхæццæ хъæбысхæсты ерыстæ «IRON LEGION TROPHY»-йы чемпион. Фыццаг раунды, техникон нокаутæй, фæтых йæ ныхмæлæууæгыл. Уæлахидзауы рон йæ хицауы ссардта.
Иннæ ахсджиаг фембæлд. Рингыл не мзæххон Хъæрджынты Махарбег. Йæ ныхмæ – спортсмен Камерунæй – Ибеу Кибеса. Йæ фæсномыг та у «Палач»-зæгъгæ. Фæлæ йын уый дæр нæ баххуыс. Рагагъоммæ фæуæлахиз нæ богал.
Хъæрджынты Махарбег афтæ тагъд кæй ныббырста йæ ныхмæлæууæджы, уый дисы никæй бафтыдта. Адæм иу хъуыдыйыл хæст уыдысты – дзурын къаддæр хъæуы, фылдæр – кусгæ. Кобесты Чермен кæимæ фембæлд, уый тыхджындæр разынд. Фæуæлахиз ыл ис Мæскуыйы минæвар – Вадим Сулейманов. 20 секунды – нокаутæй. Турниры фыццаг фембæлды фæуæлахиз Тедеты Эльбрус. Афтæ дарддæр иннæ богæлттæ дæр.
Ацы ерыстæ спортуарзджытæ иууылдæр анаманг бахъуыды кæндзысты. 10 фембæлдæй, 9 уæлахиздзауы – цæгатирыстойнæгтæ.