Цæгат Ирыстоны спортуарзджытæ иу иннæйы фæдыл цæуынц Мæскуымæ Гасситы Мураты æмæ Александр Усичы боксæй ерыстæм бакæсынмæ. Радон делегаци абон абалц кодта Цыколайæ.
Сты 60 адæймаджы бæрц. Æрыгæттæн фæндараст загътой хъæуы хистæртæ. Иууылдæр сæмбырд сты районы администрацийы цур, сывæллæттæ сарæзтой чысыл концерт. Æрхъуыды ма кодтой иу хицæндзинад. Алы бæлццоныл дæр бакодтой сæрмагонд дамгъæ. Иууылдæр кæрæдзийы фарсмæ куы ралæууынц, уæд сæ риутыл фыстæй разыны дзырдбаст “Æрæфы район”, зæгъгæ. Фæсивæд семæ Мæскуымæ аласдзысты национ тырыса дæр.
Районы фæсивæды тынг фæндыд ацы спортивон тохмæ ацæуын. Сæ бæллиц сæххæст кæнын сын баххуыс кодта Хидирты Батрадз.