Паддзахады æххуыс сывæллæттæн, пенсионерты фиддонтæ ногæй банымайын æмæ “Земский учитель”-ы программæйыл бакусын. Уый тыххæй раныхас кодта нæ бæстæйы президент Владимир Путин йæ ныстуаны федералон æмбырдмæ.
Мадзал у æрвылазон, ныртæккæ арæзт æрцыд 15-æм хатт. Президенты ныхæстæм гæсгæ, инвалид-сывæллæттæ цы бинонты ис, уыдоны фиддонтæ хъæуы фæфылдæр кæнын. Уыцы хъуыддагыл бакусын æмбæлы 1-æм июлмæ. Уымæй уæлдай хъалонты уаргъ дæр хъæуы фæрогдæр кæнын. Сывæллæтты рæвдауæндæтты рады лæууыны фарста та аиуварс кæнын хъæуы 2021-æм азмæ. Уæрæсейы президент бæстонæй æрдзырдта пенситы индексациты тыххæй. Бирæтæ январы сæ пенситæ уæвгæ дæр нæ райстой. Афтæ рауад, пенситæ цæрынæн æхцайы æппынкъаддæр бæрцæй кæй фæфылдæр сты, уый тыххæй. Президенты ныхæстæм гæсгæ, раздæр уал сæ хъæуы иу æмвæзадмæ æркæнын. Бырæттæ бакусыны мадзæлттыл дæр цыд сæрмагонд ныхас. Регионалон хицауадтæн нæ бæстæйы сæргълæууæг бафæдзæхста коммуналон хауæццæгтæм се `ргом аздахын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм 1-æм январы Уæрæсейы йæ тыхы бацыд коммуналон хауæццæгтæ бакусыны ног системæ.
Хъуамæ регионты сæ раласынæн сфидар кæной уыцы-иу тарифтæ. Владимир Путины ныхæстæм гæсгæ дыууæ азмæ нæ бæстæйы рекультивацигонд æрцæудзысты 30 егъау бырондоны. Хауæццæгтыл бакусыны куыстуæттæ та фæфылдæр хъуамæ уой 8-9 процентæй 60 проценты онг. Уæрæсейы президент хъæппæрис бахаста 2020-æм азæй «Земский учитель»-ы программæ æххæст кæнын райдайын. Ома, хъæутæм цы ахуыргæнджытæ рацæуой кусынмæ, уыдонæн бафиддзысты фæйнæ милуан сомы. Уæдæ хъæуты скъолаты уавæрмæ та хъæуы лæмбынæгдæр æркæсын. Уыимæ, ахæм мадзæлттæ æххæст кæнын кæй къухы не `фты, уыцы регионтæм фæкæсдзæн федералон хицауад. Путин ма фæнысан кодта, хъæуты культурæйы хæдзæртты рацаразтæн æмæ ног галуанты арæзтадæн хицауад 17 миллиард сомы кæй радих кæндзæн. Чысыл горæтты культурон центрты райрæзтæн та баххуыс кæндзысты 6 миллиард сомы бæрц.