Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг ма арфæ ракодта Дыгъуызты Зæринæйæн, УФ-йы туристты цæдисы сæргълæууæджы бынаты йæ кæй сæвæрдтой, уый фæдыл.
«Тынг æхсызгон æмæ сæрыстыр дæн, ахæм бæрнон куысты не `мзæххоны кæй сæвæрдтой, нæ бæстæйы разамынд Зæринæйы профессионалон миниуджытæн стыр аргъ кæй скодта. Зæрдæ дарын, нæ республикæйы туризмы фарстаты фæдыл æнгом æмгуыстад кæнын».– загъд ис арфæйы фыстæджы.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, бон раздæр Дмитрий Медведев йæ къух бафыста Дыгъуызты Зæринæйы УФ-йы туристты цæдисы сæргълæууæджы бынаты сæвæрыны бардзырдыл.