Экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрады хъæппæрисæй арæзт æрцыд ведомствæты `хсæн операци «Лесовоз». Æрдзхъахъхъæнынады ведомствæйы специалисттæ пъæлицæйæгтимæ алы бон аразынц рейдтæ. Сæ цæст дарынц, цæмæй адæм æнæзакъонæй хъæдырмæджы куыст ма кæной, уымæ. Басгарынц хæдтулгæтæ, шофыртæй та бадомынц сæрмагонд гæххæтытæ. Рейдтæ уыдзысты 4-æм июлмæ.
«Алы бон дæр бæрæг кæнæм, цæмæй æнæзакъонæй хъæдырмæг мачи ласа. Ахæм цаутæ та куы рабæрæг кæнæм, уæд та æмбæлгæ æрмæджытæ арвитæм пъæлицæйы бынæттон хайадмæ», — Горæтгæрон районы фæндаггон-патрулон службæйы инспектор Хетæгкаты Батрадз.
«Цæгат Ирыстоны уылты хъæдырмæг ласыны тыххæй ис сæрмагонд гæххæттытæ. Фыст дзы ис бæрц, хъæды хуыз, чи йæ ласы æмæ йæ чи райсдзæн уыцы адæмы тыххæй бæлвырддæр информаци. Æнæ ахæм гæххæттытæй ацы куыст гæнæн нæй», — хъæдмæ цæстдарды Федералон службæйы сæйраг эксперт Хъамæрзаты Заур.