Дзæуджыхъæуы Ростоваг уынджы кусын райдыдта ног хъармгæнæн. Йæ байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой нæ республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Тамайты Майран, горæты администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис æмæ «Дзæуджыхъæуы хъармдæттæн хызæджы» минæвæрттæ.
Ног хъармгæнæн дзуапп дæтты æмбæлгæ домæнтæн. Пайда уыдзæн, хæстæг æм цы бирæфатерон хæдзæрттæ ис, уыдонæн. Раздæры зæронд хъармгæнæны кусæнгæрзтæ баивтой ногтæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ахæм куыст Уæрæсейы Техникон цæстдарды домæнтæм гæсгæ кæй кæнынц. Раздæр Дзæуджыхъæуы ахæм объекттæ уыдысты 4. Ныридæгæн ма дзы баззад 1. Йæ баивыныл кусынц хъæугæ специалисттæ.