Æмæ уал абоны изæры æнæнхъæлæджы хабарæй райдайæм. Пенситы реформæ Владимир Путины зæрдæмæ нæ цæуы. Уый тыххæй йæхæдæг Уæрæсейы президент абон фехъусын кодта бархионтимæ фембæлды Калининграды.
Зæгъын хъæуы уый, æмæ Владимир Путин реформæйы фæдыл йæ хъуыдытæ загъта фыццаг хатт. Куыд загъта, афтæмæй пенсиисджыты кар фæфылдæр кæнынæн цы мадзæлттæ æрхъуыды кодтой, уыдонæй иу дæр йæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Уыимæ, загъта, пенсийы тыххæй ивддзинæдтæ бахæссын кæй хъæуы уæддæр, уый тыххæй.
Уымæн æмæ афтæмæй, кусгæ чи кæны, уыдоны бæрц æгуыст адæмы нымæцмæ æрхаудзæн. Куы ницæмæ хъус æрдарой, уæд пенситы системæ æмæ бюджет иумæйагæй зындзинæдтæ баййафдзæн, пенсионертæн сæ мызд никуы фæфылдæр уыдзæн. Владимир Путин зæрдæ бавæрдта, хицауад ма иу хатт хъуыддагмæ кæй æркæсдзæн æмæ, хуыздæр куыд у, афтæ кæй бакæндзæн.