preloader
сейчас в эфире
15:29
ВЫБЕРИ ЖИЗНЬ 12+
Смотрите Далее
16:00
НОВОСТИ 12+
16:15
ЖЕСТОКИЙ СТАМБУЛ 12+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
КОММУНАЛКА 12+
18:10
ТАКТИКА 12+
ТВ ПРОГРАММА
ВЫБЕРИ ЖИЗНЬ 12+
close

Рæсугъд æмæ аив

13.07.2018 16:56

Æлбегаты Барис куыд загъта, афтæмæй бæстыхæйтты æддаг бакаст аив нæу.

Дзæуджыхъæуы адмиинстрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис фембæлд базарадон комплексты разамонджытимæ. Ныхас кодтой базарты алфамблай фæзуæтты сыгъдæгдзинад æмæ санитарон уавæрыл.

Æмбырды ма уыдысты Дзæуджыхъæуы районты префекттæ æмæ Администрацийы профилон хайæдты хицæуттæ. Æлбегаты Барис куыд загъта, афтæмæй бæстыхæйтты æддаг бакаст аив нæу. Банывылгæнинаг у базарты алыварс уынгты æнæзакъонæй уæйгæнджыты фарста дæр. Горæты администрацийы сæргълæууæг æмбæлгæ структурæтæн æмæ бæлвырд адæймæгтæн бабар кодта уавæрмæ æркæсын æмæ бæстыхæйттæм базилын.

Базарты разамонджытæ Æлбегаты Барисы хъуыдыимæ иууылдæр сразы сты æмæ аивгæнæн куыстытæ тагъд райдайдзысты.

Читайте также
Все новости