Цæгат Ирыстоны райрæзты стратегийыл 2030 азмæ ныхас цыд абон Дзæуджыхъæуы. ацы хатт æхсæнадон дискусситæ уыдысты медицинæйы къабазы тыххæй. Дохтыртæ, эксперттæ, студенттæ æмæ æхсæнадон кусджытæ æрымбырд сты наукон чиныгдоны.
Ныхас цыд медицинæйы ахсджиагдæр фарстатыл. Фыццаг – медицинон-санитарон æххуыс. Куыд загътой, афтæмæй алы районы дæр саразын хъæуы ахæм уавæртæ, цæмæй адæмæн æнæ къуылымпытæй æмæ æвæстиатæй дохтыртæ æххуыс кæной. Æмбырды архайджыта куыд фæнысан кодтой, афтæмæй фидæнмæ ис бирæ пълæнттæ. Зæгъæм, ног амбулаторитæ рацаразын æмæ санитарон авиацийы рæзтыл бакусын. Уыимæ ма, уæлдай æргом аздахдзысты рынчындæттæ æмæ диспансерты ифтонгдзинадмæ. Уымæй уæлдай ма æрныхас кодтой ядерон медицинæйыл. Уый руаджы фæзындзæн фадат адæймагмæ уаззау низтæ рагацау раиртасын, æмæ афойнадыл хъæугæ æххуыс бакæнынæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æрæджы дæр ма уыд ахæм фебмæлд. Уæд ныхас цыд туризмы рæзтыл.