Абон йæ сæдæ азы юбилей бæрæг кæны Орджоникидзейы уæлдæр иумæйагæфсæддон къамандыгæнæн училище. Бæрæгбонмæ æрымбырд сты 600 адæймагæй фылдæр.
Се” хсæн разамонджытæ, ахуыргæнджытæ, æмæ раздæры рауагъдонтæ. Юбилеймæ æрбацыд Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Арфæйы ныхæстæ сын ракодта. Куыд бафиппайдта афтæмæй ацы уæлдæр ахуыргæнæндон рауагъта бирæ кадджын адæм. Сæ куыстæн сын стыр аргъ скодта. Бирæты дзы схорзæхджын кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон хæрзиуджытæй. Официалон хайы фæстæ уыд бæрæгбоны номыл концерт.
Æрбацæуджыты ныфс ис æппæт Уæрæсейы йæ ном хъуыстгонд кæмæн уыд, уыцы училищæ кæй сног уыдзæн. Уæ зæрдыл уынæй æрлæууын кæндзыстæм 1993 азы йæ кæй сыхгæдтой ,уый.