Æмæ ма иу хабары тыххæй. Абон, 20-æм июлы, у шахмæтты дунеон бон. Бæрæгбон снысан кодта шахмæтты Дунеон федераци. Историон æвдисæнтæм гæсгæ ацы хъазт Индийы фæзынд. Уый размæ дзы хъазыдысты «чатарунга»-йæ. Куыд фæстæдæр шахмæттæ апарахат сты æгас дунейыл. Ныртæккæ Уæрæсейы алы горæты дæр ис сæрмагонд клубтæ. Уæдæ нæ республикæйы дæр спорты ацы хуыз бирæтæн у уарзон. Фæстаг рæстæг та йæм уæлдай цæстард цæуы. 1 сентябрæй фæстæмæ Цæгат Ирыстоны скъоладздаутæн амондзысты шахмæтты сусæгдзинæдтæ. Уроктæ уыдзысты къуыри иу хатт, физкультурæйы урокты фæлгæты. Ахæм хъæппæрис бахаста республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Ахуырад æмæ наукæйы министрады та бацæттæ кодтой сæрмагонд ахуырадон программæ.
РЦИ-Аланийы шахмæттæй иугонд командæйы сæйраг тренер Игорь Хрипков: «Мæн уый фæнды зæгъын æмæ ныртæккæ шахмæттæ сты æнæмæнг хъæугæ спорты хуыз. Адæймагæн пайдайаг у. Йæ хъуыдыкæнынад фæхуыздæр вæййы. Уæдæ алы предметтæй дæр йæ зонындзинæдтæ уæрæх кæнынц, фылдæр бахъуыды кæны. Ахсджиаг у, цæмæй шахмæттæ парахат кæной сывæллæтты `хсæн. Уый у хъазты хуызæн æмæ фæсивæд афтæмæй зонындзинæдтæ æнцондæрæй исынц».