preloader
сейчас в эфире
11:40
БРИФИНГ ГЛАВЫ РСО-АЛАНИЯ СЕРГЕЯ ИВАНОВИЧА МЕНЯЙЛО 12+
Смотрите Далее
12:00
ВОТ ТАКИЕ ПИРОГИ 12+
12:20
МУЗЫКÆ 12+
13:00
ХАБÆРТТÆ 12+
13:15
МЕДИКУМ 12+
13:50
ГОМ УРОК 12+
ТВ ПРОГРАММА
БРИФИНГ ГЛАВЫ РСО-АЛАНИЯ СЕРГЕЯ ИВАНОВИЧА МЕНЯЙЛО 12+
close

Шофыртæ фылдæр?

23.01.2019 16:47

Уæрæсейы аивдзæн хæдтулгæйыл цæуыны бардæттæг гæххæттытæ райсыны фæтк.

Уæрæсейы аивынмæ хъавынц хæдтулгæйыл цæуынæн бардæттæг гæххæттытæ дæттыны фæтк. Нырма уал фæлварæн арæзт у дыууæ хайæ – теори æмæ практикæйæ. Фæндаггон змæлды æдасдзинады паддзахадон автоинспекцийы фæнд кæнынц автодромы практикон хай айсын. Ныууаддзысты йæ æрмæстдæр рауагъдон фæлварæны хуызы.


Карина Атаян ахуыр кæны автомобилон скъолайы. Тынг æй фæнды хæдтулгæйыл цæуыны бардæттæг гæххæттытæ райсын. Нырма уал æй сæрмагонд автодромæй æддæмæ нæ уадзынц. 23 сахаты практикæ уал сæххæст кодта. Мидбылхудгæйæ æрæмысы, хæдтулгæйы йын шофыры бынат куы бабар кодтой, уый.

Шофыртæ райдианы фембæлынц бирæ цæлхдуртыл. Зæгъæм, базонын сæ фæхъæуы, кæй æмæ кæд ауадзын æмбæлы фæндагыл, афтæ – сæйраг æмæ фæрссаг фæндæгтæ æвзарын дæр. Фæлæ уынгты змæлды фæтк зонын у иу хабар. Инструкторты ныхæстæм гæсгæ, шофыртæ хъуамæ хорз сахуыр кæной хæдтулгæ æвæрын. Уыцы хæс сæххæст кæнынæн хъæуы хæдтулгæ ас æмæ, цас бынат ахсы, уый æнкъарын. Уæвæг, райдайгæ шофыртæ ацы скъолайы сты 30. Алы бон дæр ахуыр кæнынц теори æмæ практикæ. Инструктортæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахуыргæнинæгтæн сæ рæдыдтытæ дæр вæййынц иухуызон. Фæлæ Зæнджиаты Алан ацы куысты фыццаг бон нæй. Зоны, ног шофыртæн куыд баххуысгæнæн ис, уый.

Æдæппæтæй Дзæуджыхъæуы кусынц, лицензитæ кæмæ ис, ахæм 14 автомобилон скъолайы. Ахуырдзаутæ байхъусынц теоретикон хайы 132 сахатмæ. Фæахуыр кæнынц шофыры бартæ æмæ хæстæ. Уый фæстæ та райдайынц практикон хайы 58 сахаты. Стæй ахуырдзаутæн саразынц рагагъоммæйы фæлварæнтæ, цæмæй æцæг фæлварæнмæ сæхи бацæттæ кæной. Кæронбæттæны фæлварæн вæййы паддзахадон автомобилон инспекцийы. Билетмæ бахæссынц 20 фарсты. Иу рæдыд куы скæна ахуырдзау, уæд та ма йæм 5 уæлæмхасæн фарсты ратдзысты. Ногæй та куы фæрæдийа, уæд ма йын 5 фарсты бафтаудзысты. Кæд фæрæдийа, уæд йæ фæлварæны фæндагыл ногæй æрлæудзæн. Арæх рауайы афтæ.

Тагъд рæстæджы хæдтулгæйыл цæуыны бардæттæг гæххæттытæ исыны фæтк аивдзæн. Ивгъуыд аз августы сарæзтой ног проект. Автодромы ахуыртæ нал уыдзысты. Æрмæстдæр горæты. Нырма уал проектыл кусынц. Паддзахадон автоинспекцийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ивддзинæдтæ сæ тыхы бацæудзысты 6 мæйы фæстæ.

Закъон куы скуса, уæд теоретикон хай ногæй радтыны фадат уыдзæн 7 боны фæстæ. Мæй куы байрæджы кæна ахуыргæнинаг, уæд ын фæлварæн радтыны бар нал уыдзæн. Уæд æй паддзахадон фиддон дæр ногæй æрнымайын хъæудзæн къазнамæ. Йæ бæрц – 2000 сомы. Паддзахадон лæггæдты сайты йæ куы фидай, уæд та у 1400 сомы. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ног фæткмæ гæсгæ фæлварæн радтæн уыдзæн зындæр. Фæлæ йæ чи радта, уыдон уыдзысты иттæг хорз шофыртæ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Полет шмеля
23.04.2024
Сывæллоны фæллойадон бартæ, Къостайы мысгӕйӕ, чиныджы бон ӕмӕ елхотӕгтӕ Мӕскуыйы
23.04.2024
Хуадонты Фатимæ
23.04.2024
Интервью с Главой РСО-Алания Сергеем Ивановичем Меняйло
22.04.2024
День книг, День нотариата и музыкальный онлайн-марафон
22.04.2024
Хъулаты Андрей
22.04.2024
Олег Хамоков
22.04.2024
Alania Fashion Day
21.04.2024
В итоге: 21 итоге
21.04.2024
Профессия
21.04.2024
Хамство
21.04.2024
Маргиевы
20.04.2024
«Хонк-фест». Художник Руслан Тхазапдижев. Музей-заповедник Лермонтова
20.04.2024
Учителя школы-интерната во Владикавказе
20.04.2024
Адæмон фронты куыст, ног хиирхæфсæн мадзал æмæ Турчы цæрæг ирæттæ Ирыстоны
19.04.2024
Все рекомендуемое