Ног физкультурон-дзæбæхгæнæн комплекс фæзындзæн Дзæуджыхъæуы, Терчы былгæрон. Уыдзысты дзы ног фæзтæ футбол, стритбол æмæ воркаутæн. Уыимæ ма дзы сараздзысты баскетбол, волейбол æмæ теннисæй хъазæн бынæттæ дæр, стæй тренажерты зал. Кусджыты ныхæстæм гæсгæ, арæзтадон куыстытæ цæуынц, куыд æмбæлы, ахæм фæткмæ гæсгæ. Ныртæккæ дзы архайынц 10 кусæджы æмæ уæззау техникæйы 2 иуæджы. Бæстыхай сцæттæ уыдзæн 11 августмæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ йæ саразыны хъуыды фæзынд физкультурæ æмæ спорты министрадмæ. Уагдоны куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй сæйрагдæр у фæсивæды æргом спортмæ аздахын. Фидæны ахæм спорткомплекстæ сараздзысты Дзæуджыхъæуы иннæ районты дæр.
Прораб Гæззаты Ростислав: «Ныртæккæ цæттæ кæнæм резинæ фæзы бындур. Ам хъаздзысты баскетболæй. Уый тыххæй зæххы уæлцъар уыдзæн резинæйæ æмбæрзт. Футболон фæзы та – мæнг кæрдæг байтаудзысты. Асфальт цалцæг кæнынмæ дæр алцыдæр цæттæ у. Уый фæстæ, зæгъæм, къуыри фæстæ, фæз резинæйæ бамбæрздзыстæм. Йæ дæргъ 2 мин квадратон метры уыдзæн».