preloader
сейчас в эфире
23:53
ЗАГАДКИ ЦИВИЛИЗАЦИИ. РУССКАЯ ВЕРСИЯ 16+
Смотрите Далее
00:00
ХАБÆРТТÆ (ПОВТОР) 12+
ТВ ПРОГРАММА
ЗАГАДКИ ЦИВИЛИЗАЦИИ. РУССКАЯ ВЕРСИЯ 16+
close

Суинаг дизайнертæ

19.02.2019 22:23

Цæгатирыстойнаг скъоладзаутæн сæ бон бацархайын у æппæтуæрæсеон æркаст «Дай пять! Дизайнер будущего», зæгъгæ, уым.

Цæгатирыстойнаг скъоладзаутæн сæ бон бацархайын у æппæтуæрæсеон æркаст «Дай пять! Дизайнер будущего», зæгъгæ, уым. Æрыгон модельертæн фадат уыдзæн сылгоймаджы æмæ нæлгоймаджы фæлгонцтæ алыхуызон номинациты равдисынæн. Мадзал аразджытæ равзардзысты хуыздæр эскизтæ. Сæ руаджы професионалон дизайнертæ бацæттæ кæндзысты уæлæдарæс æмæ йæ равдисдзысты Мерседес бэнс фейшн уик Russia-йы, Уæрæсейы модæйы къуырийы, Мæскуыйы. Куыд ис конкурсы бацархайæн, уый сын радзырдтой адæмон фронты фæсивæдон хайады уæнгтæ. Бæлвырддæр хабæрттæ базондзыстут нæ дарддæры æрмæгæй.


Сабина Городняя модæйы тыххæй искæмæй нæ фехъусы. Цалдæр азы йæхæдæг йæхи уæлæ æвдисы ног коллекцитæ, арæх фæархайы уæлæдарæсы равдыстыты. Уый йæм фаг нæ фæкаст, æмæ райдыдта дарæсы куыст йæхæдæг кæнын. Конкурстæ йæ уыцы хъуыддагмæ ноджы разæнгарддæр кæнынц.

Сабина Городняя: «Мæ зæрдæмæ цæуы модæ, чызг йæхимæ куы зила, уæд ма уымæй хуыздæр цы ис. Фыццаг мæ фæлтæрæнтæ мæхиуыл кодтон, фæстæдæр сæ гæххæттмæ хæссын райдыдтон. Фæнды мæ аив кафтæн къаба, кæнæ та изæры даргæ уæлæдарæс æрхъуыды кæнын».

Ногъайты Зæлинæ кæд хæринаггæнæгыл ахуыр кæны,уæддæр йæ бæллиц у модельер суæвын. Профессионалон æгъдауæй чызгæн раздæр фадат нæ уыдис уæлæдарæс хъуыды кæныны куыстæн. Райдыдта гæзæмæ хæстæй – уæлæдарæс хуыдта йæ хæстæджытæ æмæ йæ хæлæрттæн. Архайдта, йæ къух цæуыл хæст кодта, уыцы æрмæджытæй – хъæбæр гæххæттæй, газеттæ æмæ афтæ дарддæр. Бирæ конкурсты архайдта. Ныртæккæ ахуыр кæны эскизтæ ныв кæныныл йæхи уæлæдарæсы хуызæгтæм гæсгæ.

Ахæм хъуыддаджы æрыгон фæлтæр сæхи бафæлвæрдтой адæмон фронты фæсивæдон хайады руаджы. Проекты архайын кæй фæнды, уыцы 14-17-аздзыд фæсивæд хъуамæ сæ курдиат ныууадзой сæрмагонд сайт дизайнербудущего.рф, зæгъгæ. Сæ ахуырдзауты рохтыл дзы ничи ницæмæй хæцы. Амидингæнджытæ сын бæстонæй æмбарын кæнынц, цавæр хуызæгтæ у сæ бон æрвитын, уый.

Бзарты Еленæ, РЦИ-Аланийы адæмон фронты фæсивæдон хайады минæвар: «Фæсивæды фадат фæцис сæхи къухтæй нывтæ скæнынæн. Уыдон, чизоны, æмæ зындгонд адæмы уæлæдарæсыл фæзыной. Хуыздæр куыстытæ равдисдзысты Мерседес бэнс фейшн уик Russia-йы, Уæрæсейы модæйы къуырийы».

15 азмæ равдыстой 400 дизайнеры æмæ номæвæрд коллекцийы. Радон хатт подиуммæ ракъахдзæф кæндзысты мартъийы. Æвзонг модельерты хъæуы фæтагъд кæнын. Уæлдай нæу, профессионалон æгъдауæй æхсыст дæ æви нæ, уый. Уæдæ ныв кæнын зонын дæр уадиссаг нæу. Эскиз скæнæн ис, компьютерон программæйы дæр. Сæйрагдæр у, æвæджиауы курдиатджын хъуыды раргом кæнын, кæй ничима федта, ахæм. Дарддæр ыл кусдзысты профессионалон дизайнертæ, хуыздæрхъауг куы уой, уæд сыл бакусдзысты æмæ æмбæлгæ уæлæдарæс бахуыйдзысты.

Уазиты Зæлинæ

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
«Ученик года», перевод сурдо языка, «Час земли» и лечение за рубежом
28.03.2024
О погибшем в зоне СВО бойце Аслане Дзантиеве, о Герое Советского Союза Алексее Остаеве, об учениях сотрудников Росгвардии и эксплуатации боевого оружия
28.03.2024
О капитальном ремонте, о нововведениях в сфере ЖКХ и о системе благоустройства общественных территорий
28.03.2024
Интервью с чемпионом по боксу Аланом Хугаевым
27.03.2024
Выбери жизнь
27.03.2024
Руслан Джусоев
27.03.2024
Ставд-Дурта
26.03.2024
Сабырдзинад, туризмы райрæзт æмæ «хурдзаст» сывæллæттимæ куыст
26.03.2024
Цхуырбаты Зарӕ
26.03.2024
Æмбалты Зауырбег
25.03.2024
Къуымæллæггаты Розæ
25.03.2024
Теракт в «Крокус Сити Холле»
25.03.2024
Давид Найфонов
25.03.2024
Канатовы
24.03.2024
В итоге: 24 марта
24.03.2024
Все рекомендуемое