preloader
сейчас в эфире
12:50
МУЗЫКÆ 12+
Смотрите Далее
13:00
ХАБÆРТТÆ 12+
13:15
ИНТЕРВЬЮ С ГЛАВОЙ РСО-АЛАНИЯ СЕРГЕЕМ ИВАНОВИЧЕМ МЕНЯЙЛО (ПОВТОР) 12+
14:25
МОЙ СИНИЙ ГОРОД 10+
14:45
ФЫДÆЛТЫ УÆЗÆГМÆ 12+
15:30
ФÆРДГУЫТÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
МУЗЫКÆ 12+
close

Цæгат Ирыстоны райдыдта чемпионат WorldSkills-ы æвзарæн къæпхæн

9.04.2019 21:04

Фæсивæд сæ арæхстдзинад æвдисынц ирон чъиритæ фыцынæй. Нæ республикæйы ацы турнир 7-æм хатт аразынц.

Ерыстæм архаджытæ æрбамбырд сты Уæрæсейы 11 регионæй. Фæсивæд сæ тыхтæ æвзардзысты 3 боны. Сæ куыстытæн сын аргъ кæнынц специалисттæ. Æркасты уæлахиздзаутæ дарддæр архайдзысты национ чемпионаты финалы, Казаньы. Æвзарæн къæпхæны байгом кæнын кадджын мадзалы архайдта Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министр Людмила Башарина. Уый арфæйы ныхæстæ ракодта конкурсы архайджытæн æмæ уазджытæн. Куыд бафиппайдта афтæмæй ирон чъириты ад баззыдтой нæ бæстæйы алы къуымты дæр. Æмæ æцæгæй дæр афтæ у. Ныридæгæн ирон чъиритæ апарахат сты æгас дунейыл. Абон та Æрыдоны аграрон технологон колледжы сарæзтой сæрмагонд ерыстæ. Уым уыди нæ уацхæссæг Пелиты Сабинæ дæр. Чъиритæ чи тагъддæр афыхта, уæлдай дæр та кæмæн дзадджындæр руадысты, уый базыдта. Йе `рмæгмæ ма йын бакæсут.

Сæ къухты фарн æмæ арæхстдзинад равдисынмæ ацы æркастмæ ссыдысты Уæрæсейы 11 регионы минæвæрттæ. Хуыздæр чъири фыцæджы ном хæссын алы архайæджы дæр фæнды. Фæлæ уый тыххæй сылгоймаг хъуамæ радих кæна хæринаггæнгæйæ йæ уды хъарм. Архайджыты хсæн ис куыд кары адæм афтæ кæстæр фæлтæры минæвæрттæ дæр. Æдæппæтæй 14 адæймаджы.

Æрыдоны аграрон-технологон колледжы ныр æркасты архайджытæ æвдисынц сæ арæхстдзинад. Мадзал амидингæнджытæ куыд зæгъынц кæд бирæ бæстæты базыдтой ирон чъириты ад уæддæр сæ ирон сылгоймаг куыд сфыца афтæ ничи.

Ирон фынг ирон чъиритæй фидауы. Ирон сылгоймæгтæ сæ куыд скæныдзысты, афтæ ничи. Сæ скæныны сусæгдзинæдтæ базонын бирæты фæнды. Фæстаг азты уымæн хорз хъомыс у чемпионат WorldSkills кæй хоныныц уый.

Конкурсы архайджыты нымæц азæй азмæ фылдæр кæнынц. Кæд ивгъуыд аз ерыстæм ссыдысты Мæскуы, Стъарапол æмæ Краснодарæй, уæд сыл ацы аз ма бафтыдысты æндæр регионты минæвæрттæ дæр. Алчи дæр сæ уæлахизмæ ссыд. Расим Салихзянов нæм сакгаг кодта Татарстанæй. Куыд зæгъы афтæмæй ацы æркасты фæстæ æнæмæнг сæхимæ чъиритæ фыддзæн. Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт ис. Йæ зæрдæ дары ногæй ма Ирыстонмæ кæй ссæудзæн ууыл

Ерысты архайæг Салихзянов Расим: «Фадат мын фæзынд æмæ ацы æркастмæ зæрдæргъæвдæй саккаг кодтон. Мæхи бафæлварын мæ фæнды. Татарстаны ирон чъиритæ бирæтæ уæй кæнынц. Фæлæ сæ Ирыстоны кæй кæнынц, уыцы чьиритимæ абарæн дæр нæй. Æз дæр сæ фæнд кæнын цæттæ кæнын. Ирыстоны фыццаг хатт дæн. Ам цы рæсугъд хæхтæ ис, уыдоны адæймаг фыццаг бакастæй бауарзы».

Ерысты дыккаг къæпхæн ацæудзæн райсом. Архайджытæ сæ арæхстдзинад равдисдзысты адджын гуылтæ фыцынæй. Алы архайæг дæр зæрдæ дары сæ фæндтæ сæ къухы кæй бафтдзысты, ууыл. Ацы чемпионат æрыгон с пециалисттæн хорз хъомыс кæй у, ууыл дызæрдыг ничи кæны. Кусынц куыд æмбæлы афтæ, экспертты цæсты сæ куыст ма бафтауын æмæ хорз бæрæггæнæтæ бакусын. Сæ куысты хатдзæгтæн сын кæнынц æмбæлгæ аргъ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Интервью с Главой РСО-Алания Сергеем Ивановичем Меняйло
22.04.2024
День книг, День нотариата и музыкальный онлайн-марафон
22.04.2024
Хъулаты Андрей
22.04.2024
Олег Хамоков
22.04.2024
Alania Fashion Day
21.04.2024
В итоге: 21 итоге
21.04.2024
Профессия
21.04.2024
Хамство
21.04.2024
Маргиевы
20.04.2024
«Хонк-фест». Художник Руслан Тхазапдижев. Музей-заповедник Лермонтова
20.04.2024
Учителя школы-интерната во Владикавказе
20.04.2024
Адæмон фронты куыст, ног хиирхæфсæн мадзал æмæ Турчы цæрæг ирæттæ Ирыстоны
19.04.2024
Социалон контракттæ æмæ уалдзыгон куыстытæ
19.04.2024
Об «Алании» с футбольным экспертом Роландом Курбановым
18.04.2024
МИРоощущение: 18 апреля
18.04.2024
Все рекомендуемое