Джызæлы скъоладзаутæ та сæмбæлдысты æндæр къуылымпыдзинадыл. Цæмæй уроктæм бахауой, уый тыххæй сæ хъæуы арф дзыхъхъы сæрты бахизын, нарæг хъæдын хидыл. Уый та уымæн, æмæ скъолайы цурты цы газы хæтæлтæ цæуы, бæрнон кусджытæ уыдон ивынмæ бавнæлдтой. Ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ мæты бацыдысты, тæрсынц сывæллæттæн. Куыстытæ зымæгмæ цæмæн рхастой, æмæ сывæллæтты æдасдзинадыл цæуылнæ батыхстытсты, уый базонын сфæнд кодта не сфæлдыстадон къорд.
Джызæлы дыккæгæм скъолайы ахуырдзаутæ зонындзинæдтæм бæргæ тырныц, фæлæ къуылыптимæ. Скъоламæ фæндаг у пырхытæ. Дзыхъхъытæ æмæ къуыппытыл цæуынæй уæлдай ма, скъолайы кæртмæ къуындæг хъæдын бахизæныл бацæуын хъæуы. Уыимæ ма тæссаг у æдасдзинадæн. Уæлдай дæр сывæллæттæн. Ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ фæдис кæнынц, ай цы хабар у, зæгъгæ?
Джызæлы газы хæтæлтæ заууатмæ раджы æрцыдысты. Дыууæ къуырийы размæ сæ ивын райдыдтой. Газы службæйы кусджытæ куыд зæгъынц афтмæй ацы хæтæлтæ домæнтæн дзуапп рагæй нал дæттынц. базæронд сты. Афойнадыл сæ куынæ баивæм, уæд исты бæллæхмæ расайдзысты. Сæрды цæуынæ кодтой ацы куыстытæ, ахæм фарст сæм куы раттам, уæд нын дзуаппирадтой. Ома дам нæм хъæугæ гæххæтытæ нæ уыд. Уæдæ дзы бру чи сывæрдтаит уый дæр не`сбæрæг кодтам. Уымæй уæлдай ма скъолайы раз дæр.
Хæтæлтæ чи ивы уыцы куыстуаты разамынд скъоламæ бахизæны адæймаджы бæрзæндæн дззыхъхъытæ кæй ис, уый сывæллæттæн æппындæр тассаг хъуыддагыл нæ нымайынц. Нæ телеуынадон къорд цалынмæ скъолайы раз уыд, уæдмæ дзы уайтагъд сæрмагонд лент аивæзтой. Хæтæлтæ æрмæст скъолайы раз нæ ивынц. Цалцæггæнæн куыстытæ Дзызæлы цалдæр уынджы цæуынц. Хæтæлтæ чи ивы уыцы куыстуат адæммæ сиды, цæмæй гыццыл къуылымпыдзинæдтæн бабыхсой. Сæ ныхæстæм гæсгæ цалцæггæнæн куыстытæ тагъд рæстæджы фæуыдзысты. Гæнæн ис æмæ газ хæдзæрттæм æхгæд æрцæуа.
Дзызæлы цæрджытæн ма сæ бон цы у? Æрмæст æнхъæлмæ кæсын. Ныфс сæ ис куыстытæ тагъд кæй фæуыдзысты. Тагъд зымæг æрлæудзæн.