preloader
сейчас в эфире
23:33
ДОРОГА ДОМОЙ 16+
Смотрите Далее
23:35
О, ГЕНРИЙ! 12+
ТВ ПРОГРАММА
ДОРОГА ДОМОЙ 16+
close

Зæххы къорийы алыварс

20.02.2019 16:30

Номдзыд бæлццон Олег Харитонов бабæрæг кодта Цæгат Ирыстон.

Цæгат Ирыстонмæ ссыд бæлццон Олег Харитонов. 4 азмæ уый бабæрæг кодта 75 бæстæйы. Диссаг уый у, æмæ транспорты номыл пайда кæны æрмæстдæр мотоциклæй. Дзæуджыхъæумæ фыццаг хатт не ссыд. Къорд азы размæ уазжгуаты ссыдис, Интернеты кæимæ базонгæ, йæ уыцы хæлæрттæм. Уæдæй-абонмæ нын нæ республикæ бауарзта æмæ йыл йæ зæрдæ нæ ивы.


4 азы, 5 континенты, 75 бæстæйы æмæ 200 мин километры. Ахæм миниуджытæй бæрæг дары Олег Харитоновы балц нымæцты `взагыл. Сæххæст сæ кодта, мотоциклыл цæугæйæ. Йæ фæндаг ракодта Дзæуджыхъæуыл дæр. Фыццаг хатт Ирыстонмæ æрбафтыд 2015-æм азы. Ам зонгæ дæр никæй кодта. Иу-цалдæр адæймагимæ Интернеты цы федтой кæрæдзийы, æндæр. Куы `схæццæ Ирыстонмæ, уæд æй уайтагъд бауарзта.

Дзæуджыхъæуы ма уыдис, афтæ йæ фæндаг дарддæр фæнд кодта Европæмæ акæнын. Фæлæ, дам, адæймаг – фæндтæгæнæг, Хуыцау – аразæг. Æнæнхъæлæджы фехæлд йæ мотоцикл. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, лæгæн зонгæтæ куы уа, уæд ма тыхсæд. Æххуысмæ йæм фæзындысты, ахæм æфсæн бæхыл ма æнувыд чи у, уыдон.

Ахæм зындзинæдтыл, уæвгæ, ахуыр у. Суанг, дам-иу, адæм дæр арæх Ирыстоны цæрджыты хуызæн хæларзæрдæ нæ уыдысты. Кæмдæрты та цæрыны уавæртæ дæр нæ банкъардта. Фæлæ йæ балцытæй уæддæр зæрдæрухс у. Куыд зæгъы, афтæмæй фыдыбæстæйæ дард ран бамбæлд, йæ зæрдæйы чи ныххауд, ууыл. Кæрæдзийы фыццаг хатт федтой США. Уæд иумæ сфæнд кодтой Ирыстонмæ дæр сæмбæлын.

Æцæгæйдæр, Олег Ирыстоны бирæ æмбæлттæ скодта. Сæ иу – Хъалæгаты Руслан. Олег фыццаг хатт куы уыдис Дзæуджыхъæуы, уæдæй нырмæ зонынц кæрæдзийы. Куы ссæуы, уæд æй уайтагъд фынджы уæлхъус балæууын кæнынц. Афтæмæй сæ раздæры хабæрттæ æрхъуыды кæнынц. Бирæтæ дзы сæ зæрдыл æрлæууынц мидбылхудтимæ.

Олег Харитонов ма нæм ноджыдæр ссæудзæн. Йæ хæлæрттæ йæ афтæ сцымыдис кодтой Ирыстонæй, æмæ сæ хъуамæ фена. Йæ ирон хæлæртты нымæцыл цæмæй бафта, уый та йæ ноджы тынгдæр фæнды.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Конфликт между Ираном и Израилем, домашнее насилие, фестиваль ко Дню Космонавтики
15.04.2024
Ахуд ӕмӕ фылдӕр фӕцӕрай
14.04.2024
В итоге: 14 апреля
14.04.2024
Спорт
14.04.2024
Токсичное окружение
14.04.2024
Какие мутации ведут к наследственным заболеваниям?
14.04.2024
Александр Олешко
13.04.2024
Невидимый фронт
13.04.2024
Руслан Албегов и Нонна Бигаева
12.04.2024
Космонавтикæйы бон, ирон æвзаджы рæзты центр æмæ «Студентон уалдзæг»
12.04.2024
Заслуженный тренер России по футболу Валерий Горохов
11.04.2024
МИРоощущение: 11 апреля
11.04.2024
Метавселенные, Центр знаний «Машук» и мюзикл «Ожерелье России. Легенды»
11.04.2024
Ходы Алан
11.04.2024
Интервью с Сосланом Бетеевым, Арсеном Кантеевым и Ирланом Хугаевым
10.04.2024
Все рекомендуемое