preloader
сейчас в эфире
18:08
КОММУНАЛКА 12+
Смотрите Далее
18:10
ТАКТИКА 12+
19:00
ХАБÆРТТÆ 12+
19:30
САМОЕ ВРЕМЯ 12+
20:50
МИРООЩУЩЕНИЕ 12+
21:00
НОВОСТИ 12+
ТВ ПРОГРАММА
КОММУНАЛКА 12+
close

Зæрдыл даргæйæ

19.03.2019 16:04

Дзæуджыхъæуы сæйраг базары терактæй рацыд 20 азы.

Абон Дзæуджыхъæуы мысынц нæ республикæйы фыццаг терракты амæттæгты. 20 азы рацыд Дзæуджыхъæуы сæйраг базары срæмыгъдæй. 11 сахаты æмæ 40 минутыл ацы ран ныггуыпп кодта хиконд рæмудзæн æрмæг. Террористæ йæ бавæрдтой халсартимæ голладжы. Дæсгай адæм дзы фæмард. Сæдæгæйттæ фæцæфтæ сты. 20 азы афæдзæй-афæдзмæ ацы бынатмæ æрбацæуынц фыдбылызы амæттæгты рухс нæмттæ ссарынмæ. Сæ иу у Бæзаты Альбинæ. Теракты рæстæг фæмард йæ хо.

«Рох кæнæн сын нæй» – ахæм хъуыдыйыл хæст у экологи æмæ туризмы сабырдзинад тауджыты цæдисы разамонæг Виктор Беляев. Уый ацы бынатмæ æрбахоны сывæллæтты – сабырдзинад тауджыты. Уыдон æй хъуамæ зоной уыцы бон, хъуамæ сæ фыдбæллæхы бон рох ма уа.

«Мах ацы бон куы ферох кæнæм æмæ йæ нæ сывæллæттæн куы нæ дзурæм, уæд уыдон съомыл уыдзысты, Кавказы ахуыр куыд не сты, афтæ. Ирыстоны мæрдты мысын, уæлдайдæр та ахæм фыдбылызы рæстæг чи бацарæфтыд, уыдонæн сæ нæмттæ хъуамæ уæлæуыл базайой. Нæ фидæны фæлтæртæн – ныстуаны хуызæн», – теракты амæттагы хо Бæзаты Альбинæ.

Фыдракæнды амидингæнджыты æрцахстой. Уыдон разындысты цыппарæй. Сæ иу йæ цæрæнбонтæ арвитдзæн ахæстоны. Дыууæйæн дзы рахастой 23 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон, иннæйæн та – 10 азы.

Читайте также
Все новости