Дысон Заводы поселочы æрцыд зынгсирвæзт. Краснодойнаг уынджы басыгъд хи хæдзар. Арт уал фыццаг схæцыд скъæты, стæй пиллоны скалдта, адæм сæхæдæг кæм цæрынц, уый дæр.
Артæфтыд фæци 30 квадратон метрæй фылдæр. Фæдисы рацыдысты бынæттон цæрджытæ. Фæдзырдтой зынгхуыссынгæнджытæм. Арты ныхмæ тох кодтой 23 минуты. Фыдбылызы бынаты куыстой 10 адæймагæй фылдæр, 3 сæрмагонд машинæйыл. Арт ахуыссын кодтой. Ныртæккæ цы кадртæ уынут, уыдон райстам социАлон хызтæй. Хæдзарæй ма æвзалытæ баззад.
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй фыдбылызы адæмæй хъыгдард ничи баййæфта.