Зайæгойтæй æмæ уыдонмæ зилынæй фидауы адæймаджы цард. Æрдзмæ хъæуы æввахсдæр уæвын æмæ йын йæ рæсугъддзинæдтæ зæрдæмæ исын.
Бæлæстæ, къутæртæ, дидинджытæ — уыдон аив кæнынц цыфæнды бынат дæр.
Уæлдай зæрдæмæдзæугæдæр вæййынц, зайæгойтæ бирæ кæм ис, уыцы уынгтæ !
Хъарм бонтæ ма куы уыди, уæд иу ахæмы нæ уацхæссæг атезгъо кодта Дзæуджыхъæуыл. Æмæ кæртытæй иуы ссардта 2 æнусæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм бæлас!