Абон Дзæуджыхъæуы фæстаг бон фенæн уыди цымыдисаг равдыст «Туркæй Теркмæ аивад». Куыд ма уын хъусын кодтам, афтæмæй йæ къуыри размæ Ирыстонмæ æрластой фæсарæйнаг бæстæйы цæрæг ирæттæ. Цалдæр сахаты фæстæ равдысты архайджытæ фæстæмæ Туркмæ араст уыдзысты, фæлæ ма сæ махæн нæ къухы бафтыди не студимæ фæхонын. Æмæ уæ æз æхсызгонæй зонгæ кæнын Турчы ирæтты æхсæнад «Алан»-ы сæрдар Хъуысаты Садреттин æмæ скульптор-нывгæнæг Абысалты Кайаимæ.