На изар идарддар еудагъ кануй, ама ма еу хуарз хабар. Нæ уарзон Адæмон кæвтити ансамбль «Сатана» сæрмагонд номинацийи рамулдта гран-при фестиваль «Алтын Майдан»-и. Мадзал аразт æрцудæй Хъирими. Ансамбль равдиста Кавкази адамти артæ национ кавди. Жюрий уæнгтæ, уæрæсей адæмон артисттæ, устур аргъ искодтонцæ на кафгути дæсниадæн. Уомæй фæстæмæ ма, къуар архайдта адæмон-сценикон номинацийи дæр. Æмæ уоми дар иссæй фиццаг къæпхæни дипломи æмæ грамотити аккаг. Аци изар «Сатанай» архайгути арбахудтан нæ студимæ, æма сæ нуртаккæ рафæрссинан, куд рацудæнцæ еристæ, уобæл.