Комкоммæ бастдзинады фæдзурæм хъæуггæгты цард æмæ уавæрыл. Хæрз æрæджы дæр ма, ома 20-æм æнусы райдайæн Ирыстоны хъæуты парахатæй пайда кодтой хæдзарон æрмдæсныйы куыстытæй. Хохæгтæ сæхи дардтой фос дарынæй. Кодтой хъæды æмæ æфсæйнаджы куыст. Адæймаджы та æрдз афтæ скодта, æмæ кæмфæнды куы цæра, уæддæр архайдзæн йæ алыварс рæсугъддзинад саразыныл. Гъемæ афтæмæй æрвылбоны куысты дзаумæттæ дæр уыдысты аив æмæ зæрдæмæдзæугæ. Уыцы дзаумæттæ адæм кæнын æмæ аразын нал зонынц. Кусынц ма сыл æрмæст æрмдæснытæ. Нæ респбуликæйы чысыл не сты. Фæлæ цы æнхъæлмæ кæсы ацы къабазы кусджытæм, æмæ куыд цæуы сæ хъуыддаг, хъæуты цы æрмдæснытæ ис, уыдонæн? Сфæлдыстадон куыст кæй кæнынц, уымæй разы сты, сæ дæсныйад сын къæбæр бакусынæн ахъаз у, æви нæ? Ууыл дзурдзыстæм нæ программæйы «Комæй-коммæ».
Æз уæ зонгæ кæнын не студийы уазджыты фыццаг къордимæ:
Национ тематикæйыл конд сахæтты паддзах – амалхъом адæймаг Кцойты Виталий æмæ Цæгат Ирыстоны æрмдæсныты ассоциацийы уæнг, куклатæ аразæг Таутиаты Азæ.