На изæр мæ фæндуй райдайун Æхъити кадгин бинонтæй. Берæзæнæггин бинонтæ цæрунцæ Алагири. Æрæги рамулдтонцæ æгас уæрæсеон конкуси «Семья года». Къамиси зардабал хъабар бамбалдæй Æхъити царди уаг. Фараст сувæллонемæй фондзей къарта скъолай кади фæйнæгбæл ке æнцæ, ейæ дæр сæ деси бафтудта. Куд дзæгъунцæ бинонтæ, уотемæй такка сæйраг дæр æй кæрæдзей берæ уарзун æма лæдæрун. Аци изæр нæ студимæ æрбахудтан бинонти æфсини Æхъити Фатими, удта хестар кизги Æхъити Тæвифи.