Раздæр заманды худинаг чи уыд, уыцы фæзынд ныр парахат кæны. Иу иннæйы фæдыл чызджыты нымæты атух, машинæйы йæ баппар æмæ ма дæ исчи аййафæд. Цæмæн афтæ рауайы? Бинонтæн чындзæхсæв скæнын сæ къух нæ амоны æмæ æрыгæттæ кæрæдзиимæ баныхас кæнынц? Æви хорз чызджытæм усгуртæ къахихсыд бавæййынц æмæ мæ разæй мачи фæуа, ууыл хъуыдыгæнгæйæ, лæппу фыруарзтæй йæ сæр фесафы? Кæнæ кæд хи кæуыл амарай, ахæм чызджытæ вæййынц. Ацы фарстæн æз дзуапп нæ зонын. Кæмæ цымыдисæй байхъуысдзынæн нæ уазджыты хъуыдытæм. Ацы бонæй фæстæмæ ма нæ программæй ис иу ногдзинад. Ныр комкоммæ эфиры рæстæг уæ бон у уæ хъуыдытæ æрбарвитын, кæнæ та телефоны номырæй æрбадзурын.
Нырттæккæ сæ уынут уæ экрантыл.
Нæ программæйы темæ уыдзæн: Давд амонд. Скъæфт æви æгъдау?