Абон йæ ахуыры бонтæ чи не рхъуыды кодта, ахæм адæймаг, æвæццæгæн, нæ уыд. Уæдæ студенттæн та ацы бон сæ зæрдæтæ цинæй уæлдай дзаг вæййынц. Райсомæй фæстæмæ хъæлдзæгæй ратæх-батæх кæныц, ныхас кæнынц ацы бон куыд хуыздæр æмæ рæсугъддæрæй сбæрæг кæной, ууыл.
Татьянæйы боныл æнæ аныхасгæнгæйæ махæн дæр нæ бон нæу. Алчидæр нæ уыд студент æмæ, зæгъæ-м æз абон зæрдиагæй æрхъуыды кодтон уыцы бонтæ. Кæйдæрты æмæ цавæрдæр хабæрттæ мæ зæрдыл тынг ирдæй æрлæууыдысты.
Цымæ тынг аивта студентты цард? Уымæй бафæрсдзынæн нæ уазджыты.
Не студимæ æрбахуыдтам Хæххон аграрон университеты æмæ ЦИПУ-йы профцæдисты сæрдарты хæдивджыты Доййаты Зелимы æмæ Джелыты Аланæйы.