Раздæры азты рæстæджы скъоладзаутæ ма хорз хъуыды кæнынц сæ фæллойадон уроктæ. Æрмадзтæй æмæ цæлгæнæнтæй уæлдай ма рæзгæ фæлтæры ахуыр кодтой зæххы куыст кæнын. Афтæмæй бирæтæн сси уарзон, фæстæдæг чидæртæ сæ цард сбастой хъæууон хæдзарадимæ. Фæлæ кæстæртæ, уæлдайдæр та горæтты чи цæры, уыдоны цæсты зæххы куыст нæ ахады. Цы тыллæйгæй пайда кæнынц, ууыл цас фыдæбон вæййы, уый зонгæ дæр нæ кæнынц.
Ногдзинад сын фæахъаз уыдзæн æви нæ, ууыл ныхас кодтам ахуырад æмæ наукæйы министрадимæ, ахуыргæнджытимæ, сывæллæттимæ. Ныхас ыл кæндзыстæм не студийы дæр.
Фæткмæ гæсгæ æрбахуыдтам 2 фæлтæры минæвæртты.
Хистæрты номæй нæм æрбацыд Лалыты Лев
Кæстæрты номæй — Боциты Аслан.