Китайы дыууæ сывæллонæй фылдæр цы бинонтæн райгуыра, уыдоны паддзахад кæны ивар. Ахæм фæрæзтæй паддзахад бауромынмæ хъавы, æгæр бирæ адæм дзы кæй ис, уыцы. Æмæ кæд Китайы демографион уавæр бæллиццаг у, уæд Уæрæсейы хицауад та ноггуырдты фæфылдæр кæнын тыххæй алыхуызон мадзæлттæ агуры. Бирæтæн фæпайда мадæлон капитал. Æмæ раст зæгъгæйæ, ацы программæ æххæст кæнын куы райдыдтой, уæд ноггуырдты нымæц дæр фæфылдæр.
Уавæр хуыздæрырдæм аивинаг у Ирыстоны дæр. Рæстæмбис нымадæй нæ республикæйы цæрджытæ сты 705 мин адæймаджы бæрц. Уыцы нымæц чысыл у, æви адæмыхатты рæзты домæнтæн дзуапп дæтты, уыдæттыл æмæ ма æндæр ахсджиаг фарстатыл æрныхас кæндзыстæм нæ уазæгимæ.
Абон не студимæ æрбахуыдтам демограф, Уæрæсейы академийы наукæты социологон æмæ политикон иртæстыты институты кусæг Къаберты Нодары.