Кæрог уырыссагау «свербига» у. Хонынц ма йæ быдырон булкъ дæр. Ис ын бур дидинджытæ æмæ тынг сойджын хъæд. Германийы йæ фосæн хæрын кæнынц. Æмæ сæ ахуыргонд адæм куыд зæгъынц, афтæмæй кæрдæджы фæрцы сæ фос æхсыр фылдæр дæттынц.
Ногтыд кæроджы витамин С 58 процентæй фылдæр ис. Бирæ рæтты йæ хосæн дæттынц цингайы ныхмæ. Нæ фыдæлтæ йæ кодтой, халсартæ кæм уыди, ахæм хæринæгты.