Фæстаг азты арæхæй-арæхдæр хъусæм — адæмæн хъæууон хæдзарадон зæххытæ нæй, зæгъгæ. Уæдæ республикæйы сæргълæууæгимæ фембæлдтыты рæстæг дæр ацы фарстайыл ныхас æдзухдæр рауайы.
Куыд мæм кæсы, афтæмæй ацы хъуыддагæн иу дзуапп радтæн нæй. Иуырдыгæй, о, æцæгæйдæр, хицæн адæймæгты къухты тынг бирæ зæххытæ ис. Иннæрдыгæй та — хатгай нæ алыварс куы афæлгæсæм, уæд стыр зæххтытæ агурæм, цæхæрадæттæ та хæмпæлгæрдæджы бын фесты.
Цæмæн афтæ у?!
Стыр зæххы хæйттыл нæ кусын фæнды?
Æви хуымæтæг зæхкусджытæн ницыуал ныууагътой?!
Ацы фарстайы алы фæзилæнтыл ныхас кæндзыстæм нæ радон программæйы.